Хуссар Ирыстоны президент фæуазæг Къостайы "дыккаг райгуырæн бæстæмæ"

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны президент фæуазæг Къостайы "дыккаг райгуырæн бæстæмæ"
Хуссар Ирыстоны президент фæуазæг Къостайы дыккаг райгуырæн бæстæмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент Бибылты Анатолий Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны фæуазæг Лабæйы хъæумæ Хъæрæсе-Черкесийы

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны цытæн президент Бибылты Анатолий хайад райста бæрæгбонон мадзæлтты Хъæрæсе-Черкесийы Лабæйы хъæуы, кæцы хонынц ирон литературæйы бындурæвæрæг æмæ поэты дыккаг райгуырæн бæстæ, хъусын кæны президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Къостайы цырт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны банысан кодтой Къостайы 158-æм райгуырæн бон

Хуссар Ирыстоны президентыл фембæлды рæстæджы республикæйы сæргълæууæг Рашид Темрезовимæ уынаффæ цыд РХИ æмæ ХЧР-йы æхсæн æмгуыстат æмæ райрæзты фарстытыл.

Президент ма æрбамбал Лабæйы цæрджытæм, кæцытæ сарæзтой бæрæгбонон мадзæлттæ Къостайы райгуырæн боны æмæ йæ ном цы хъæу хæссы, уый сырæзты боны цытæн.

"Фыццаг хатт дæн ацы рæсугъд хъæуы, цы ран хъахъхъæд æрцыдысты традицитæ, цы ран тынг цыт кæнынц националон хæзнатæн, цы ран кад кæнынц ахæм адæймæгтæн, куыд Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста – ирон литературæйы цæджындз", — раныхас кодта поэты цытæн митинджы Бибылты Анатолий.

Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды Хъæрæсе-Черкессимæ ацыдысты депутаттæ Гæбæраты Юрий æмæ Дьяконты Амиран, ХИПУ-ы ректор Тедеты Вадим, афтæ ма Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.

Къостайы цырт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Иугонд Алани" уадзы видеоконкурс "Нæхи Къоста"

Цытджын мадзæлтты райстой хайад ХЧР-йы парламенты спикер Александр Иванов æмæ республикæйы хицауады сæрдар Аслан Озов. Уымæй дарддæр ма, республикæмæ фæуазæг делегаци Цæгат Ирыстонæй дæр.

Бæрæгбоны мадзæлтты ацыдысты ХЧР æмæ Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон коллективты концерттæ, алыгъуызон конкурстæ æмæ викторинæтæ. Хъæуы цæрджыты æмæ уазджыты размæ рахастой ирон националон хæринæгтæ.

Къостайы хъæуæн (Лабæ) Хъæрæсе-Черкесийы бындур æрæвæрдтой 1868 азы Цæгат Ирыстоны Нары хъæуæй ногæрлидзджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0