Юстицийы министр радзырдта цхинвайлаг ахæстоны уавæры тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвайлаг рæстмæгæнæн колони
Цхинвайлаг рæстмæгæнæн колони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрæджыйы нæхæрыны рæстæджы ахæстæтты домæнтæй иу уыд уавæрты фæхуыздæр

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik, Козаты Диана. Капиталон цалцæджы фæстæ Цхинвайлаг рæстмæгæнæн колонийы уавæртæ бæрæг фæхуыздæр уыдзысты, загъты журналисттæн дыццæджы Хуссар Ирыстоны юстицийы министр Лалыты Зæлинæ.

Цхинвальская исправительная колония - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий йæ куыстæй ссæрибар кодта ахæстоны хистæры

Цхинвайлаг колонийы ахæстæттæ июны расидтысты нæхæрын. Уыдон домдтой уавæртæ фæхуыздæр кæнын, тезгъоты рæстæг фæфылдæр кæнын æмæ тезгъогæнæн территори фæуæрæхдæр кæнын, медицинон лæггæдты гъæд фæхуыздæр кæнын. Ӕртæ боны фæстæ Хуссар Ирыстоны президент йæ бынатæй ссæрибар кодта колонийы хистæр Къæбулты Георгийы, йæ бынатмæ та йын снысан кодта Джыгкайты Феликсы.

"Колонийы цæуы капиталон цалцæг. Нырма иумæйаг æмæ карз режимы ахæстæттæ сты иу бынаты. Фæлæ цалцæджы фæстæ уавæртæ фæхуыздæр уыдзысты æмæ ахæстæттæ дих æрцæудзысты тæрхондоны уынаффæтæм гæсгæ", — загъта Лалыты Зæлинæ.

Цхинвалы ахæстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг ахæстытæ æрлæууын кодтой сæ нæхæрын

Министр ма банысан кодта, дисциплинарон фыдракæндтæ саразæг колонийы кусджыты ахасты уагъд кæй æрцыд басгæрст, кæцыйы фæстиуæгæн аххосджынтæ сæ бынатæй ист æрцыдысты, науæд та сæ сæвæрдтой дæлдæр бынæтты.

"Ӕдасдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны нысанæн колонимæ бацæуæны æвæрд æрцыд турникет, баконд æрцыд уадзæн режим, афтæ ма балхæндзыстæм ифтонггарз, кæцы нымæг кæны чырон бастдзинад", — радзырдта юстицийы министр.

Уый ма бафтыдта, бакуыст кæй æрцыд нормативон документтыл, кæцытæ регламент кæндзысты колонийы куыст, сæрмагондæй ивд æрцæудзæн мидæггагон уагæвæрд. Абоны бон колонийы бады 34 ахæстоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0