"Иеговайы æвдисæнтæ" Хуссар Иры официалон æгъдауæй ссисты æнæзаконон

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæИеговайы æвдисæн
Иеговайы æвдисæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Иеговайы æвдисæнты" архайд Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыд тобæгонд тæхондоны уынаффæмæ гæсгæ, дыццæджы уый бацыд йæ тыхы

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондоны уынаффæ динон организаци "Иеговайы æвдисæнты" экстремистоныл банымайыны фæдыл бацыд йæ тыхы, загъта журналисттæн юстицийы министр Лалыты Зæлинæ.

Иеговайы æвдисæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иеговайы æвдисæнты Хуссар Иры банымадтой экстремистон организацийыл

Хуссар Ирыстоны генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг ацы аз июлы барвыста Уæлдæр тæрхондонмæ хъаст "Иеговайы æвдисæнты" архайд экстремистоныл банымайыны тыххæй. Организацийы уæнгтæм ауагътой басгæрсттæ, сæ рæстæджы тыхон структурæты минæвæрттæ байстой динон литературæ, кæцы хауы экстремистон æрмæджыты номхыгъдмæ. Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон 6 октябры организаци банымадта тобæгондыл республикæйы территорийыл.

"Тæрхондоны уынаффæ абон официалонæй бацыд йæ тыхы. Йæ ныхмæ хъаст хаст не ′рцыд æмæ абонæй фæстæмæ организаци нымад æрцыд Хуссар Ирыстоны территорийыл экстремистоныл æмæ йæ архайд у тобæгонд", — загъта Лалыты Зæлинæ.

Министр бæлвырд нæ загъта, цал адæймаджы ис "Иеговайы æвдисæнты" сконды, загъта æрмæст, цъус кæй не ′сты.

"Уыдон сты иу минæй фылдæр æмæ сæ нымæц бонæй бон кæны фылдæр", — бафтыдта уый.

Министр ма бахахх кодта, республикæйы юстицийы министрады регистраци кæй ис æрмæстдæр иу динон организаци – Алайнаг епархи.

Ног хабӕртты лентӕ
0