Гергиты Валерий радзырдта, цæмæннæ у сæрыстыр Цхинвалы концертæй

© RIA Novosti . Михаил Фомичев /  Ахизын медиабанкмæГергиты Валерийы концерт Цхинвалы 2008 азы
Гергиты Валерийы концерт Цхинвалы 2008 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Маэстройы ныфс ис, фидæны музыкантты кæй нал бахъæудзæн хæстон архæйдтыты бынæтты концерттæ дæттын

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Мариинаг театры аивадон къухдариуæггæнæг æмæ директор Гергиты Валерийы ныфс ис, музыкантты нырæй фæстмæ кæй нал бахъæудзæн концерттæ дæттын хæстон архæйдтыты бынæтты, хъусын кæны РИА Новости.

"Ӕз æнхъæлын, æнгæс концерттæ нын нал уыдзæн (Цхинвал æмæ Пальмирайы – ред.) Растдæр та нын аххосæгтæ нæ уыдзæн ахæм концерттæ дæттынæн", — загъта Гергиты Валерий журналисттæн Самарæйы.

Дирижер бафтыдта, Цхинвал æмæ Пальмирайы концерттæй йæ кæй нæ фæнды сæрыстыр уæвын.

Гергиты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гергиты Валерий Дзæуджыхъæуы ауадздзæн 50 концерты сывæллæттæн

Уыимæ иумæ уый банысан кодта, ахæм акцитæ кæй уыдысты æнæмæнгхъæуæг, цæмæй адæмы хъусдард аздахтаиккой Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы уавæрмæ.

"Хуыздæр уавæрыл ахъуыды кæнæм, цæмæй Цхинвал æмæ Пальмирайы хæсты бабынуæвджыты номыл концерттæ мауал цæуа… Мах радтам концерт Сирийы, цæмæй балæууæм фæстаг фондз-æхсæз азы политикты архайды аххосæй чи хъизæмар кæны, уыдон фарсмæ", — загъта Гергиты Валерий.

Гергиты Валерий фæуазæг ис Самарæмæ Мстислав Ростроповичы номыл дæсæм æхсæнадæмон фестивальмæ, кæцы цыд 15 æмæ 16 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0