ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны юстицийы министр арвыста тæрхондонмæ хъастытæ æртæ политикон партийы ликвидацийы тыххæй, загъта журналисттæн дыццæджы ведомствæйы сæргълæууæг Лалыты Зæлинæ.
Республикæйы абоны бон регистраци ис 14 партийы, уыдонæй цыппар æвдыст сты парламенты.
"Ӕнæмæнгæй ликвидаци æрцæудзысты партитæ "Сæрибардзинады фæзуат", "Удыхъæд æмæ рæстдзинад" æмæ "Фидæн". Фондз азы мидæг уыдон никуы райстой хайад нæдæр президентон, нæдæр парламентон æвзæрстыты, уымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны законмæ гæсгæ, сæ архайд хъуамæ æхгæд æрцæуа", — загъта Лалыты Зæлинæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ноджы ма иу партийы — "Рæстдзинад. Фæллой. Райрæзт" — лидер Гаглойты Хох æрæджыйы съезды рæстæджы йæхæдæг фехъусын кодта ликвидацийы тыххæй, фæлæ юстицийы министрад нырма ницы документтæ райста уый фæдыл.
Юстицийы министр ма радзырдта, партион номхыгъдты басгæрстты рæстæджы ма кæй раргом сты бирæ "æмхалдихтæ" (цалдææр партийы номхыгъды цы адæм сты), номхыгъдтæ лæвæрд æрцыдысты партитæм, кæцытæ хъуамæ бакæной æнæмæнгхъæуæг куыст ацы фæдыздæхты.
"Мæйы кæронмæ уыдон хъуамæ æрбавдисой сæ хыгъдтæ", — загъта министр.
"Сæрибардзинады фæзуат" сырæзт Хуссар Ирыстоны политикон кризисы фæстæ 2011 азы зымæджы. Йæ сæргъ слæууыд президенттæм экс-кандидат Джиоты Алла, фæлæ 2014 азы парламентон æвзæрстыты размæ уый ныууагъта партийы рæнхъытæ.
Парти "Фидæн" арæзт æрцыд 2013 азы. Йæ сæргъ слæууыд президенттæм ноджы иу экс-кандидат Гæбæраты Эдуард, кæцы фæстæдæр систа йе ′ххæстбартæ æмæ рахызт партийæ, уымæн æмæ ахста бæрнон бынат Хъахъхъæнынады министрады. Хусссарирыстойнаг закæттæм гæсгæ, æфсæддон службæгæнджытæн нæй бар политикон архайд кæнын.
Парти "Удыхъæд æмæ рæстдзинад" регистраци æрцыд 2012 азы, йæ лидер ссис Фæдзæхстон компанийы сæргълæууæг Битеты Феликс. Уый хъавыд хайад райсын 2012 азы майы президентон æвзæрстыты, фæлæ йæ ЦӔК не ′срегистраци кодта президенттæм кандидатæй.