ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны Национ музеймæ æрбацыд фыстæг кавказаг фыранкы мыггаг сæндидзын кæныны æнхъарæнимæ. Директор Зассеты Мерабы ныхæстæм гæсгæ, музейы коллекцийы фыранкы фрагменттæ нæ разынд, фæлæ дæргъвæтин агуырды фæстæ фембæлдысты фæстаг каказаг фыранкы фæдтыл.
"Фыстæг нæм куы 'рбацыд, уый фæстæ сарæзтам ацæг сгæрст, кæцыйы фæстиуæгæн фембæлдыстæм 1953 азы Знауыры районы фæстаг фыранкы чи ныххурх кодта, уый зæнæджы зæнæгимæ. Рабæрæг кодтам, сырды быдыргъ бирæ æзты дæргъы кæй уыд ХИПУ-йы биологийы кафедрæйы, фæлæ йæ 90-æм æзты адавтой. Баззад ма дзы йæ дымæг, фæлæ уый дæр зонадон куыстæн у стыр ссард", — радзырдта музейы хистæр.
Зассеты Мераб ма бафтыдта, æппæт тыхтæ дæр кæй хъæуы раттын сырды быдыргъ ссарынмæ.
"Гæнæн ис æмæ фыранкы быдыргъ кæмæдæр хæдзары лæууы æмæ уый не ʻмбары экспонаты нысаниуæг. Зонадæн уый у тынг ахсджиаг æрмæг æмæ йæ хъæуы раздахын æппæт амæлттæй", — бафтыда уый.
Уæрæсейы зонадты академи (УЗА) бахатыд æххуысмæ Хуссар Ирмæ нывæзт "Дальневосточный леопард"-ы фæлгæтты. Ацы сырды бахъахъхъæнын æмæ рапарахат кæныны нывæзт æххæст цæуы Сырх чиныгмæ хаст сырдты сахуыр кæныны фæдыл УЗА æдзухон экспедицийы фæлгæтты.