Бибылты Анатолий зонгæ у УФ æмæ РХИ æхсæн таможнæйы проблемæтимæ

© Sputnik / Наталья АйриянПрезидент Бибылты Анатолий
Президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент сарæзта комментарий хуссарирыстойнаг машинæты хицæуттæн Уæрæсейы арæныл ног арæнæвæрдты фæдыл

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий зонгæ у Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты кæцыдæр категоритæн транспорты æрбаластимæ проблемæтимæ, загъта Sputnik паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

Таможнæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Таможнæ бамбарын кодта Хуссар Ирæй Уæрæсемæ машинæты бацæуыны "тобæ"

Социалон хызæгты фæзынд информаци, уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæныл баконд кæй æрцыд ног уагæвæрд хуссарирыстойнаг номыртимæ машинæтæн бацыдæн УФ-йы территоримæ.

Уæрæейы Федерацийы Федералон таможнæйон службæйы минæвар республикæйы Олег Рева майрæмбоны загъта Sputnik, информаци раст кæй нæу.

"Президент нымайы æнæрцæугæ хъуыддагыл иуварсон уынаффæты райст, кæцытæ æндавынц Хуссар Ирыстоны цæрджыты 95 процентыл, кæцытæн ис уæрæсейаг æмбæстагад. Уыдон цæуынц дыууæ паддзахæдты æхсæн æмцæдисад æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырды уагæвæрды ныхмæ", — загъта Гасситы Дина.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ уагъд цæуынц консультацитæ проблемæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0