Гасситы Мурæт vs Кшиштоф Влодарчик: ирон арвыста нокауты польшæйаг боксеры

© YouTubeГасситы Мурæт æмæ Кшиштов Влодарчик
Гасситы Мурæт æмæ Кшиштов Влодарчик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон боксер бахъахъхъæдта IBF версимæ гæсгæ чемпионы титул

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik, Козаты Диана. Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы ¼ хайы Гасситы Мурæт фæуæлахиз польшæйаг Кшиштоф Влодарчикыл.

Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы æрдæгфиналмæ ахизыны фадаты æмæ дунейы чемпионы номы тыххæй дыууæ боксеры тох ацыд 21 октябры америкæйаг горæт Нью-Аркы. Мурæтæн уый ссис йæ фыццаг тох IBF версимæ гæсгæ фыццаг уæззау уæзы чемпионы титул бахъахъхъæныны фæдыл.

Гасситы Мурæт æмæ Кшиштов Влодарчик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт Влодарчикимæ тохы тыххæй: цæттæ кæнын мæхи 12 уæззау раундмæ

24-аздзыд Гасситы Мурæт профессионалон рингыл ауагъта 24 тохы æмæ 24-æй дæр рахызт уæлахиздзауæй, уыдонæй 17 балхынцъ кодта æмгъуыдæй раздæр.

Рингмæ ирон чемпион рахызт зарæг "В моей груди бьется сердце осетина"-йы зæлтæм æмæ йæ цæсгомыл æнæаивгæ мидбылхудтимæ.

Трибунæтæ хъæр кодтой "Мурæт! Мурæт!"

Раздæр йæ интервьюйы агентад Р-Спорт Мурæт рахуыдта йæ ныхмæлæууæджы тыхджын тактикон æмæ физиконæй æгъдауæй, æмæ банысан кодта, йæхи кæй цæттæ кæны уæззау 12-раундон тохмæ.

Фæлæ ныхмæлæуд ацыд æндæргъуызон – Мурæт арвыста нокауты йæ ныхмæлæууæджы æртыккаг раунды дыккаг минутыл.

Гасситы Мурæты радон ныхмæлæууæг Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы фæлгæтты суыдзæн Юниер Дортикос.

Ног хабӕртты лентӕ
0