Хуссар Иры таможнӕйы гӕс: Уӕрӕсеимӕ арӕныл машинӕты баластимӕ проблемӕ нӕй

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæТаможнӕйон пост
Таможнӕйон пост - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сӕйраг таможнӕйон комитеты сӕргълӕууӕг радзырдта йӕ цӕгатирыстойнаг коллегӕтимӕ фембӕлды фӕстиуджыты тыххӕй, цы ран скъуыддзаг цыд Уӕрӕсемӕ хуссарирыстойнаг номыртимӕ машинӕты баласты фарст

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны номыртимӕ хӕдтулгӕтӕн уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг арӕныл баласт сфидар кӕнынимӕ ницы зындзинӕдтӕ ис, загъта Sputnik сӕйраг таможнӕйон комитеты сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Мурӕт.

Президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий зонгæ у УФ æмæ РХИ æхсæн таможнæйы проблемæтимæ

Ивгъуыд къуырийы соцхызæджыты фӕзынд информаци, Уæрæсеимæ арæныл уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæджы" кæй бакодтой арæны сæртыл цæуыны ног уагæвæрд хуссарирыстойнаг номыртимæ машинæтæн. УФ таможнæйон службæйы минæвар Хуссар Ирыстоны Олег Рева майрӕмбоны фехъусын кодта Sputnik, уыцы дам-думтӕн ӕппындӕр кӕй ницы бындур ис.

"Ивгъуыд майрӕмбоны уагъд ӕрцыд фембӕлд нӕ цӕгатирыстойнаг коллегӕтимӕ, цы ран дзырд цыд ацы фарстыл дӕр. Хуссар Ирыстоны номыртимӕ хӕдтулгӕты хицӕуттӕн ницы зындзинӕдтӕ ис. Уыдон куыд истой баласт, афтӕ йӕ дарддӕр дӕр исдзысты таможнӕйон закондӕттынад ӕххӕстгӕнгӕйӕ", — загъта Цхуырбаты Мурӕт.

Раздӕр Хуссар Ирыстоны президенты пресс-секретарь Гасситы Дина фехъусын кодта, Бибылты Анатолий кӕй нымайы "æнæрцæугæ хъуыддагыл иуварсон уынаффæты райст, кæцытæ æндавынц Хуссар Ирыстоны цæрджыты 95 процентыл, кæцытæн ис уæрæсейаг æмбæстагад. Уыдон цæуынц дыууæ паддзахæдты æхсæн æмцæдисад æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырды уагæвæрды ныхмæ".

Ног хабӕртты лентӕ
0