Хъырымаг нæзытæ сфæлынддзысты Цхинвалы Театралон фæзуат

© Sputnik / Наталья АйриянТеатр, Цхинвал
Театр, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Театралон фæзуаты территорийы хæрзарæзтадыл кусы нардуатон организаци "Эверест"

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Хъырымаг нæзы, æвзистгъуыз наз, уардитæ, туя æмæ тыртыйы талатæй æхсæз минæй фылдæр ныссаддзысты хуссарирыстойнаг столицæйы сæйраг фæзуатыл, драмтеатры территорийыл.

Строительство театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скифаг ӕмӕ алайнаг хӕстонты нывтӕ срӕсугъд кӕндзысты театры къултӕ

Территорийы хæрзарæзтадыл кусы нардуатон организаци "Эверест".

Ныр цыппæрæм бон театры территорийыл талатæ садзыныл кусынц 30 адæймаджы. Зайæгойты кæцыдæр хуызтæ сагъд цæуынц проектмæ гæсгæ, кæцы æрæмдзых æрцыд Хуссар Ирыстоны арæзтады министрадимæ.

"Нæзытæ, назтæ, туятæ æмæ тыртыйæ дарддæр мах ныссаддзыстæм æхсæлы. Уымæй дарддæр ма балхæндзыстæм бандæттæ, кæцытæ сæвæрдзыстæм театры бæстыхайы периметрыл. Уæлæмхасæй территори сфæлынддзæн цыппар мин квадратон метры бæрц газон", — загъта "Эверест"-ы минæвар Русалина Усупова.

Уый бафтыдта, драмтеатры территорийы хæрзарæзтад кæй фæуыдзæн 2018 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0