Сланты Виталий: Гасситы Мурæты америкæйаг тренер у иттæг хорз специалист

© Страница Виталия Сланова в сети FacebookГасситы Мурæты тренертæ Абель Санчес æмæ Сланты Виталий
Гасситы Мурæты тренертæ Абель Санчес æмæ Сланты Виталий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон чемпионы тренер Сланты Виталий радзырдта Абель Санчесы тыххæй, кæцыйы къухдариуæгады бын Гасситы Мурæт йæхи цæттæ кæны Дортикосимæ тохмæ

ЦХИНВАЛ, 26 окт – Sputnik, Козаты Диана. Боксæй дунейы чемпион Гасситы Мурæт, кæцымæ январы æнхъæлмæ кæсы тох кубинаг Юниер Дортикосимæ, адарддæр кæндзæн тренировкæтæ Америкæйы, фехъусын кодта Sputnik боксеры тренер Сланты Виталий.

Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы промоутер загъта, кæй нымайы фаворитыл

Гасситы Мурæт 22 октябры арвыста нокауты польшæйаг Кшиштоф Влодарчикы. Ацы уæлахиз ирон боксерæн фадат радта Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы финалмæ ахизын, уымæй дарддæр ма Мурæтæн уый ссис йæ фыццаг тох IBF версимæ гæсгæ фыццаг уæззау уæзы чемпионы титул бахъахъхъæныны фæдыл.

"Мурæт адарддæр кæндзæн тренировкæтæ Америкæйы, Big Bear базæйы. Абель Санчес у иттæг хорз тренер. Уыдонæн Мурæтимæ ис кæрæдзи æмбарынад. Æмæ дзы уавæртæ дæр ис иттæг хорз", — загъта Виталий.

Гасситы Мурæты æмæ Юниер Дортикосы тох ацæудзæн 2018 азы январы дыккаг æмбисы, Америкæйы.

24-аздзыд Гасситы Мурæт профессионалон рингыл ауагъта 25 тохы æмæ 25-æй дæр рахызт уæлахиздзауæй, уыдонæй 18 – нокаутæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0