Хуссар Иры парламент равзӕрста спикеры ног хӕдивӕджы

© Sputnik / Наталья АйриянХаребаты Сергей
Харебаты Сергей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттӕ равзӕрстой парламенты сӕрдары ног хӕдивӕджы ӕмӕ сӕйрагдӕр комететтӕй иуы сӕргълӕууӕджы, раздӕр ацы бынӕтты куыста Тасойты Дмитрий

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik, Козаты Диана. Адӕмон партийӕ депутат Харебаты Сергей ӕвзӕрст ӕрцыд Хуссар Ирыстоны парламенты сӕрдары хӕдивӕгӕй ӕмӕ хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕгӕй.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Адæмон парти раразмæ кæндзæн йæхи кандидаты Тасойты Дмитрийы бынатмæ

Июлы депутаттӕ рахастой ӕнӕууӕнк раздӕры вице-спикер Тасойты Дмитрийӕн, кӕцы ма лӕууыд ацы комитеты сӕргъ дӕр. Дыццӕджы парламентарийтӕ схъӕлӕс кодтой Тасойты Дмитрийы ӕххӕстбартӕн ӕмгъуыдӕй раздӕр кӕрон скӕнынӕн.

Харебаты Сергей ацы бынӕттӕм раразмӕ кодта Адӕмон парти, аннӕ партитӕ нӕ бавдыстой ӕндӕр кандидатты депутатты ӕркастмӕ.

"Харебаты Сергей — Уацамонгæйы ордены кавалер, бирæ æзты дæргъы куыста Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады системæйы органты æмæ йын ацы куыст у зындгонд. Ӕз нымайын, ацы снысан хорзæрдæм бандавдзæн парламенты куыстыл æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады фадыджы. Сидын уæм ацы кандидатурæйы фарс балæууын", — загъта Сергейы æмтохгæнæг партийы куысты Дьяконты Амиран.

Парламенты закондæттынад æмæ бынæттон хæдуынаффæйы комитеты сæрдар Коцты Олеся банысан кодта, Харебаты Сергейæ аккагдæр кандидатурæ ацы бынатмæ кæй нæй.

Парламент, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Депутаттæ байстой Тасойты Дмитрийы депутатон бынат парламенты

Парламенты хъалонты æмæ фидтоны фæдыл комитет сæрдар Коцты Жанна зæрдыл æрлæууын кодта, Адæмон парти президентон æвзæрстыты кæй балæууыд парти "Иугонд Ирыстон"-ы кандидаты фарсмæ æмæ сын хъæуы "сæ хæс бафидын".

Харебаты Сергейы тыххæй схъæлæс кодтой сессийы уæвæг æппæт 28 депутаты.

Харебаты Сергей дыккаг хатт æвзæрст æрцыд закондæттæг органмæ Адæмон партийæ, амæй размæ уый куыста, цы комитеты сæргъ слæууыд, уый хистæры хæдивæгæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0