Хуссар Иры аргъӕвтой ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадт

© Sputnik / Ада БагианАнахарсисы номыл библиотекӕ Цхинвалы
Анахарсисы номыл библиотекӕ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ӔХК рабадт, кӕцы хъуамӕ уагъд ӕрцыдаит майрӕмбоны Цхинвалы, ӕргъӕвд ӕрцыд бирӕ фӕстӕдӕр ӕмгъуыдмӕ

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстон мæ Уæрæсейы æхсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Ӕхсӕнхицауадон къамисы (ӔХК) рабадт хаст ӕрцыд бирӕ фӕстӕдӕр ӕмгъуыдмӕ, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы.

РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы Ӕхсæнхицауадон къамис æруынаффæ кæндзæн 2018 азæн Уæрæсейы финансон æххуысыл

"ӔХК ӕмсӕрдӕрттӕ — Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Александр Хлопонины развӕлгъау бадзырдмӕ гӕсгӕ ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадт уагъд ӕрцӕудзӕн ацы азы ноябры мӕйы", — загътой пресс-службӕйы, уыимӕ нӕ бамбарын кодтой рабадты аргъӕвды аххосӕгтӕ.

ӔХК рабадт хъуамӕ уагъд ӕрцыдаит майрӕмбоны, 27 октябры, Цхинвалы.

Ног хабӕртты лентӕ
0