ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Ӕхсæнхицауадон къамисы хуссарирыстойнаг фарсы рабадты хайадисджытæ æруынаффæ кæндзысты 2015-2017 азтæн республикæйы социалон-экономикон райрæзты фæдыл инвестицион программæйы реализацийы фарстытыл.
Ӕхсæнхицауадон къамисы (ӔХК) рабадт уагъд æрцæудзæн майрæмбоны Цхинвалы.
"Рабадтыл уынаффæ цæудзæн 2015-2017 азтæн республикæйы социалон-экономикон райрæзты фæдыл инвестицион программæйы реализацийы фарстытыл, афтæ ма сфидар кæндзысты 2018-2019 азтæн инвестпрограммæйы финанскæнынады структурæ æмæ мадзæлттæ", — бафтыдтой прес-службæйы.
Суинаг инвестпрограммæйы скондмæ бахæсдзысты 24 мадзалы, кæцытæ арæзт æрцыдысты республикæйы райрæзты приоритетон фæдыздæхттæ хынцгæйæ æмæ баст сты экономикæйы реалон сектор, туризм, инженерон хæтæлты арæзтад, бастдзинады æмæ æндæр социалон нысаниуæгджын проектты райрæзтимæ.
Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Ӕхсæнхицауадон къамис архайы 2010 азæй фæстæмæ. Рабадтытæ уагъд цæуынц афæдз дыууæ хатты – радгай Мæскуы æмæ Цхинвалы æмæ сыл æруынаффæ кæнынц республикæйы социалон-экономикон æмгуыстады фарстытыл. Фæстаг ахæм фембæлдтæй иуы фæстиуæг ссис 2015-2017 азтæн инвестпрограммæйы бафыст.