ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвайлаг боксер Къæбысты Георгийы къухты бафтыд æвзист майдан Пивоваровы номыл турниры, загъта Sputnik спортсмены тренер Чехойты Алан.
Леонид Пивоваровы номыл турнир цыд Санкт-Петербурджы. Хайад дзы райсстой 350 æрыгон боксерæй фылдæр. Хуссар Ирыстоны кад турниры хъахъхъæдтой боксерон клуб "Ирон"-ы хъомылгæнинæгтæй æртæйæ – Кæбысты Георгий, Джиоты Вадим æмæ Алан Аль-Дамари.
"Къæбысты Георгий ахызт этаптæ иууылдæр, бацыд финалы онг, фæлæ йын хъыгагæн нæ бантыст сыгъзæрин райсын. Георгий фæхæрд спортсменæй Пермæй", — загъта Алан.
12-аздзыд Къæбысты Георгий архайдта 2004-2005 азты гуырд спортсменты кары къорды.
Аннæ хуссарирыстойнаг спортсмен Алан Аль-Дамари та турниры бацахста æртыккаг бынат.
Турнирмæ ацæуынæн боксертæн финансон æххуыс бакодта парти "Иугонд Ирыстон".