ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстон æркæсдзæн Каталонийы банымайыны фæдыл æрсидтмæ, кæд æмæ уый æрбацæуа бæлвырд формæйы, фехъусын кодта фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий.
РХИ МХМ-ы сæргълæууæг радзырдта журналисттæн Испанимæ йæ балцы фæстиуджыты тыххæй пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы.
"Хуссар Ирыстонмæ бæлвырд формæйы цыфæнды æрсидт куы æрбацæуа — æнæмæнгæй йæм æркæсдзыстæм. Донецкаг æмæ Луганскаг адæмон республикæты сидттæм куыд æркастыстæм, афтæ. Нырма Хуссар Ирыстон Каталонийæ ницы æрсидт райста", — загъта Медойты Дмитрий.
Æддагполитикон ведомствæйы сæргълæууæг Каталонийы цæуæг цаутæ рахуыдта вазыгджын æмæ банысан кодта, бæстæйы кæй бахъæудзæн рацæуын дæргъвæтин фæндагыл, цалынмæ уый æрсида йæ хæдбардзинад банымайыны тыххæй æндæр бæстæтæм.
"Каталонийы цæуынц вазыгджын процесстæ. Референдумы фæстиуджытæ куы фехъусын кодтой, уымæй фæстæмæ хъæуы нырма дæргъвæтин фæндаг рацæуын, цæмæй Каталони бахата æндæр бæстæтæм йæ хæдбардзинад банымайыны фæдыл. Нырма уыдæттæ иууылдæр сты процессы мидæг", — загъта Медойты Дмитрий.