Хуссар Ирыстоны ПӔК æрцахста арæныл Гуырдзыстоны æмбæстæгты

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæПограничный пост границы Республики Южная Осетия
Пограничный пост границы  Республики Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон арæныл æмæ арæнгæрон территорийы режимы фехалыны тыххæй æвæрд цæуы административон нæ, фæлæ ма уголовон бæрндзинад дæр

ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik. Ленингоры районы Ахмадзы хъæуы цур 29 октябры паддзахадон арæны режим фехалыны тыххæй Хуссар Ирыстоны арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой дыууæ гуырдзыстойнаг æмбæстаджы, хъусын кæны Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.

Арцев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æртæ бонмæ æрæхгæндзæн йæ арæн Гуырдзыстонимæ

Ведомствæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, арæнсæтджытæ разындысты Каспы районы Окамийы хъæуы цæрджытæ – 43-аздзыд Джони Татарашвили æмæ 20-аздзыд Георгий Шукакидзе.

Ныртæккæ ПӔК-ы арæнгæрон службæ уадзы равзæрст, дзырд цæуы æрмæджытæ тæрхондонмæ адæттыныл.

Ведомствæйы зонæнтæм гæсгæ, ацы азы сентябры ахст æрцыд 42 арæнсæттæджы паддзахадон арæны хуссарирыстойнаг–уæрæсейаг фадыгыл æмæ Таджикистаны цыппар æмбæстаджы та уадзæн пункт "Рукъ"-ы. Алы хъуыддаджы фæдыл дæр уагъд цыд равзæрст.

Ног хабӕртты лентӕ
0