Фæндаг сабитæн: Цхинвалы скъолаты раз æвæрынц обаугæндтæ

© Sputnik / Владимир Акимов /  Ахизын медиабанкмæДетский сад на прогулке
Детский сад на прогулке - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывæллæтты æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн Цхинвалы æппæт скъолатæ æмæ сабидæтты раз фæзындзæн обаугæндтæ

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik. Горæт Цхинвалы администрацийы дæлбар цалцæггæнæн-арæзтадон хайад мæйы æмгъуыдмæ сæвæрдзæн горæты æппæт ахуырадон уагдæтты раз дыркъуымтæ сывæллæттæ æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн, фехъусын кодта Sputnik уагдоны пресс-секретарь Коцты Зарина.

Автоинспекци ивар кæны шофырты змæлды ныхмæ парковкæйы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Автоинспекци ивар кæны шофырты змæлды ныхмæ парковкæйы тыххæй

Цхинвалы скъолатæ фылдæр бæрцæй æвæрд сты централон уынгтыл. Ӕндыгъд фæндагон змæлд хынцгæйæ кæцыдæр скъолаты коллективтæ бахатыдысты уагдæтты раз дыркъуымтæ сæвæрын.

"Мæйы кæронмæ Цхинвалы æппæт скъолатæ æмæ сабидæтты раз фæзындзæн обаугæндтæ. Ацы ивындзинæдтæ уавæр йæхæдæг домы, стæй ма горæты администрацимæ бацыд куырдиаттæ сæ сæвæрыны фæдыл. Сæ нысан у ахуырадон уагдæтты раз шофыртæ сæ цыд фæсабыр кæной", — загъта Коцты Зарина.

Уый ма банысан кодта, ног æвæрд "хуысгæ пъæлицæйагтæ" нæ уыдзысты Октябры уынгыл, кæцытæ ʻрцыдысты æвæд, уыдон æнгæс, фæлæ арæзт æрцæудзысты ГОСТмæ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0