Сергей Никоненко ралæууыд Цхинвалы "Ӕнæмæлгæ полк"-имæ

© Пресс-служба президента РЮОНиконенко в Цхинвале
Никоненко в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг актер Сергей Никоненкойы сфæлдыстадон изæр ацыд киноконцертон зал "Чермен"-ы

ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik, Босыкты Наталья. Уæрæсейы адæмон артист Сергей Никоненко ралæууыд Цхинвалы музыкалон-литературон композици "Ӕнæмæлгæ полк"-имæ.

Уæрæсейаг актеры сфæлдыстадон изæр æрæмбырд кодта киноконцертон зал "Чермен"-ы советон æфсæддон-патриотикон зарæджы уарзджыты.

Ансамбль Александрова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Александровы номыл ансамбль радта концерт Цхинвалы

Артистæн йæхи ныхæстæм гæсгæ, проект нывонд у уæлахиздзауты фæлтæрæн, кæцытæ бахъахъхъæдтой райгуырæн бæстæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты.

"Ӕз нæ хъуыды кæнын хæсты уæззау бонтæ, фæлæ мæ мад бахауд партизанон къордмæ æз хæрзчысыл куы уыдтæн. Æз исын хайад "Ӕнæмæлгæ полк"-ы йæ къамимæ, мæ хъæбулы хъæбул та мæ фыды къамимæ, кæцы хæсты рæстæджы архайдта "Катюша"-йыл. Ӕз хорз зонын, Ирыстонæй 30 хæстоны кæй сситы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Хъайтартæ, уыдонæй аст – Хуссар Ирыстонæй", — радзырдта Никоненко.

Радиокиллер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Radio Killer фыццаг хатт ратдзæн концерт Хуссар Ирыстоны

Музыкалон дуэт "Другой мир"-ы сæххæстæй, кæцы æрцыд Хуссар Ирыстонмæ адæмон артистимæ, сценæйæ райхъуыстысты æфсæддон æзты æнæмæлгæ мелодитæ æмæ æмдзæвгæтæ, æфсæддон æмæ нырыккон композициты попурри.

Концерт организацигонд æрцыд Россотрудничество æмæ Уæрæсейы Федерацийы культурæйы министрады иумæйаг программæ "Мы вместе"-йы фæлгæтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0