Медойты Дмитрий хайад исы æхсæнадæмон конференцийы Хъырымы

© Sputnik / Артем Креминский /  Ахизын медиабанкмæЛивадиаг галуан Ялтæйы
Ливадиаг галуан Ялтæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конференцийы хайад исынц зынгæ политикон архайджытæ, депутаттæ, бизнесы æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ

ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий хайад исы æхсæнадæмон конференци "Хъырымы хæлæртты форум""-ы, хъусын кæны дипломатон ведомствæйы пресс-службæ.

Регионы России. Крым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр фæуазæг уыдзæн Хъырыммæ

Конференци уагъд цæуы 6-7 ноябры Ливадиаг галуаны Ялтæйы. Хайад дзы исынц 90 делегаты 30 бæстæйæ, уый нымæцы Китай, Япони, Сири, Палестинæ, Израиль, Инди, Европæйы бæстæтæй. Се ′хсæн – зынгæ политикон архайджытæ, архайгæ министртæ, парламенты депутаттæ, æхсæнады æмæ культурæ, бизнес, дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

Конференци æрбайгом уыдзæн ссесийæ — "Уæрæсе, Хъырым æмæ нырыккон æхсæнадæмон ахастытæ", цы ран уынаффæ кæндзысты Уæрæсе æмæ Хъырымы ныхмæ санкциты фарстытыл, афтæ ма Ӕппæтхъырымаг референдумы закондзинадыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0