ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий фембæлд таксистты къордимæ, кæцытæ разы не сты кæй сыл æвæрынц хæс хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты амалиуæггæнджыты хуызы срегистраци кæнын æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, хъалонтæ фидын.
Чырæ ласыны тыххæй Хуссар Ирыстоны, хъæуы райсын æртæ азмæ лицензи. Документы аргъ у æрмæстдæр 880 сомы. Уымæй дарддæр ма, æрвылмæйон хъалоны бæрц къазнамæ у 450 сомы. Фæлæ ацы хæрдзмæ ма бафидыны тыххæй, уыдоны нæ фæнды сæхи срегистраци кæнын.
"Ныридæгæн уал фембæлдтæн иу къордимæ æмæ, раст зæгъгæйæ, нæ федтон проблемæ. Хъæуы æрмæстдæр бацæуын Националон банкмæ, бафидын снысангонд суммæ æмæ кусын. Ӕртæ азæн лицензийы аргъ уыдзæн 880 сомы, ома 80 къапеччы бон. Ӕрвылмæйон хъалон та – 15 сомы боны мидæг", — загъта президент.
Бибылты Анатолий банысан кодта, иу таксист дæр кæй нæ ратдзæн дырыс информаци сæ бонон æфтиаджы тыххæй, фæлæ кæд адæймаг кæны амалиуæгадон архайд, уæд хъуамæ срегистраци кæна хъалонты æмæ фиддонты фæдыл комитеты æмæ фида хъалон.
"Ацы фæрæзтæ нæ цæуынц Бибылты Анатолийы науæд та хъалонты фæдыл комитеты хистæры дзыппмæ – уыдон фидæм куыстмызд, пенситæ æмæ сывæллæтты фиддонты", — бахахх кодта президент.
Хъалонты æмæ фиддонты фæыдл комитеты хистæр Къацты Владимир загъта, ведомствæйы кæй сты регистрацигонд 160 таксисты, кæцытæй 40 иудадзыг фидынц хъалонтæ, уый нымæцы 21 – Ленингоры районы.
Уый банысан кодта, регистраци скæныныл кæй ацæуы æрмæстдæр иу бон æмæ дзы, дам-думтæм æнæкæсгæйæ, æхца фидын нæ хъæуы.
Цалдæр таксисты равдыстой æнæразыдзинад æргъты фæдыл, зæгъгæ, таксисттæй алчи иугъуызон æфтиаг нæ аразы, уымæ гæсгæ сæ иу барæнæй нæ хъæуы барæн. Таксистты æхсæн уыдис ахæмтæ, кæцытæ дзырдтой, ома амалиуæггæнджыты хуызы регистраци у рæстæг сафын.
"Вæййы ахæм бонтæ, куыстмæ куы нæ рахизын, ис гæнæн æмæ мæ машинæ фехæла æмæ а.д. Ис гæнæн æмæ иу мæй дæр ма кусон. Цæй тыххæй хъуамæ фидон хъалон?" – загъта таксисттæй иу.
Къацты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, уæд амалиуæггæнæг хъуамæ ныффысса курдиат хъалонты фæдыл комитетмæ, цæмæй йæ бæлвырд мæймæ ссæрибар кæной хъалон фидынæй. Фæлæ кæд уыцы рæстæджы таксисты "рацахсой" таксийыл, уæд ын бафидын кæндзысты ивар.
Лицензикæнынады фæдыл комитеты хистæр Александр Ефименко бамбарын кодта, таксисттæн лицензитæ лæвæрд кæй цæуынц æнæ къуылымпыйæ.
"Адæймагæн йæ къухы куы уой шофыры бартæ, уæд махæн нæй бар, цæмæй йын ма радтæм документ. Ӕнæофициалон информацимæ гæсгæ, горæты кусы 200 таксистæй фылдæр, фæлæ уыдонæй лицензитæ ис æрмæстдæр чысыл хаймæ", — загъта уый.
Президент сын байхъуыста сæ мæстытæн æмæ æнæразыдзинады аххосæгтæм, æмæ банысан кодта, зæгъгæ,кæд уыдон разы не сты къухдариуæгад сын цы уæлбартæ аразы, уыдонимæ, уæд хъæуы бакусын хынцæгтæ (счетчик) сæвæрыны фарстыл æмæ алкæмæн дæр фидын кæнын сæ æвдисæгтæм гæсгæ.
"Таксисттæ сын сæхæдæг бафиддзысты, мах сæ сæвæрдзыстæм, спломбæ сæ кæндзыстæм æмæ кусут дарддæр. Фæлæ уын æз дзурын, уæд уæ хъалон кæй уыдзæн бирæ фылдæр. Махæй алчидæр æмбары, ууыл дæр кæй не ′сразы уыдзыстут, уымæ гæсгæ, сымахæн дæр æмæ махæн дæр уыдзæн хуыздæр уыцы 450 сомы мæй фидын æмæ дарддæр уæ куыст кæнын", — загъта президент фембæлды кæрон.