Хуссарирыстойнаг хайадисджытӕ радзырдтой Мӕскуыйы ӕмбӕстӕгты ӕмбырды тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссарирыстойнаг хайадисджытӕ радзырдтой Мӕскуыйы ӕмбӕстӕгты ӕмбырды тыххӕй
Хуссарирыстойнаг хайадисджытӕ радзырдтой Мӕскуыйы ӕмбӕстӕгты ӕмбырды тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕмбырд ссис фӕзуат ӕвзонг адӕмӕн, кӕцыты фӕнды дзурын уырыссаг ӕвзагыл ӕмӕ йӕ парахат кӕнын

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Ноябры райдайӕны Мӕскуыйы ацыд фӕсарӕнты цӕрӕг ӕвзонг ӕмбӕстӕгты V ӕмбырд, мадзалы организаторӕй ралӕууыд Россотрудничество.

Глава Россотрудничества в Южной Осетии Михаил Степанов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Россотрудничествойы сæргълæууæджы Хуссар Иры схорзæхджын кодтой Хæлардзинады Орденæй

Ӕмбырды хуссарирыстойнаг архайджытӕ радзырдтой Sputnik пресс-центры сӕ архайды тыххӕй форумы, уым цы фӕлтӕрддзинад райстой, афтӕ ма ӕндӕр бӕстӕтӕй сӕ ног ссаргӕ ӕмгӕртты тыххӕй.

Уыдон бахахх кодтой, ӕмбырд кӕй ссис фӕзуат ӕвзонг адӕмӕн, кӕцыты фӕнды дзурын уырыссаг ӕвзагыл ӕмӕ йӕ парахат кӕнын.

Пухаты Нинойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзал ӕрӕмбырд кодта сӕдӕйы онг ӕвзонг адӕймаджы дунейы 33 бӕстӕйӕ, уыдон хайад райстой лекциты, дискусситы, кӕцытыл ӕруынаффӕ кодтой ӕмбӕстӕгтӕн ӕххуысыл фӕсарӕнты, Уӕрӕсейы паддзахадон политикӕйыл ӕвзонг ӕмбӕстӕгты фӕдыл.

"Дзырд цыд фесивӕдон ӕмгуыстадыл. Мах ма хайад райстам алыгъуызон ахуырадон программӕты, уыдон цыдысты хицӕн фӕзуӕттыл ӕмӕ дзы хайадисджытӕн уыд фадат цымыдисондӕр равзарын", — радзырдта Пухаты Нино.

Ӕмбырды ма Хуссар Ирыстонӕй хайад райстой Гӕззаты Алиса ӕмӕ Юлия Матвеева. Уыдон дӕр банысан кодтой, мадзал кӕй ссис диссаджы хорз фӕзуат ӕндӕр бӕстӕты ӕвзонг адӕмимӕ базонгӕ уӕвынӕн ӕмӕ кӕрӕдзи фӕлтӕрддзинад райсынӕн.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссарирыстойнаг хайадисджытӕ радзырдтой Мӕскуыйы ӕмбӕстӕгты ӕмбырды тыххӕй
Участники слета соотечественников из Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг хайадисджытӕ радзырдтой Мӕскуыйы ӕмбӕстӕгты ӕмбырды тыххӕй

Чызджытӕ ма радзырдтой, форумы кӕрон м аист кӕй ӕрцыд фӕсарӕнты цӕрӕг ӕвзонг ӕмбӕстӕгты райрӕзты официалон стратеги, кӕцы суыдзӕн тынг ахсджиаг документ сӕ дарддӕры куысты.

Афтӕ ма хайадисджытӕ бузныг загътой ӕхсӕнад "Россы" ӕмӕ минӕварад "Россотрудничество"-йӕн мадзалы хайад райысыны фадаты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0