Гимнази "Альбион" рамбылдта шахматон турнир Цхинвалы

© Sputnik / Екатерина Пухаева Шахматон турнир Цхинвалы
Шахматон турнир Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Командон ерыстæй дарддæр ма турниры рæстæджы чысыл шахматисттæн фадат уыд сæ тыхтæ бавзарын дæсны шахматист, Хуссар Иры шахматты федерацийы президент Саулохты Георгиимæ

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik. Гимнази "Альбион"-ы фыццаг командæ рамбылдта II республикон шахматон турнир скъоладзауты хсæн. Уæлахиздзауы ном æмæ призон бынæттыл тох кодтой 10 командæйы, фехъусын кодта Sputnik Шахматты федерацийы президент Саулохты Георгий.

Сааулохты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Саулохты Георгийы дыууӕ царды

Республикон турнир шахматтæй, кæцы нывонд уыд зындгонд дзæнæттаг математиктæ — Плиты Руслан, Бекъойты Эдуард, Гасситы Отар, Коцты Карлен æмæ Бестауты Юрийæн, цæуы ныр дыккаг аз æмæ йæ аразджыты фæндæй хъуамæ суа æрвылазон.

"Гимнази "Альбион"-ы æнтыст æнæнхъæлæджы нæ разынд, æппæтреспубликон ерысты дæр свæййынц фыццæгтæ. Ныр дæр та хорз хъазт равдыстой тренер Тыбылты Ибрагимы хъомылгæнинæгтæ æмæ райстой фыццаг æмæ æртыккаг бынæттæ. Дыккаг призер та ссис Къуаисайы командæ", — загъта Саулохты Георгий.

Валерий Халин – шахматтӕй Хуссар Иры фидӕны чемпион

Турниры кæрон 12 фæйнæгыл æмрæстæджы чысыл шахматисттæн фадат фæзынд сæ тыхтæ бавзарын дæсны шахматист, Хуссар Иры шахматты федерацийы президент Саулохты Георгиимæ.

"Турниры фæстæ нын уыд æмрæстæджы хъазты сеанс. Хъазыдтæн 12 фæйнæгыл турниры тыхджындæр хъазджытимæ. Сеанс фæцис 11:1 бæрæггæнæнтимæ. Уæлахиз адавын бантыст гимнази "Альбион"-ы ахуырдзау Валерий Халинæн", — бафтыдта Георгий.

Уый ма радзырдта, турниры æппæт архайджытæ дæр кæй райстой зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ грамотæтæ.

Спортивон мадзал ауагътой Шахматты федераци æмæ гимнази "Альбион".

Ног хабӕртты лентӕ
0