Бибылты Анатолий сӕвӕрдта дидинтӕ Ӕнӕном солдаты ингӕныл Мӕскуыйы

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий сӕвӕрдта дидинтӕ Ӕнӕном солдаты ингӕныл Мӕскуыйы
Бибылты Анатолий сӕвӕрдта дидинтӕ Ӕнӕном солдаты ингӕныл Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсемӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы официалон балцы даккаг бон райдыдта райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд фӕмардуӕвӕг хӕстонты цырт-символмӕ дидинтӕ сӕвӕрынӕй

ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий сӕвӕрдта дидинджытӕ Ӕнӕном солдаты ингӕныл Мӕскуыйы, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Бибылты Анатолийы балц Уæрæсемæ: президентыл сæмбæлдысты Внуковойы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолийы балц Уæрæсемæ: президентыл сæмбæлдысты Внуковойы

Хуссар Ирыстоны президент официалон балцы ис Уӕрӕсейы. Бибылты Анатолий уӕрӕсейаг столицӕмӕ ӕрцыд къуырисӕры, уым ыл сӕмбӕлд Мӕскуыйаг гарнизоны цытджын хъарагъул. Уыцы бон бӕстӕйы сӕргълӕууӕг сӕмбӕлд Республикӕ Науруйы президент Барон Дивавеси Вакаимӕ. Дыццӕгмӕ та нывӕзтгонд сты Бибылты Анатолийы бадзырдтӕ УФ президент Владимир Путинимӕ.

Абон Александры номыл бæласдоны цытджын хъарагъулы цур ирон тырысайы хуызты дидинты зиллакк сæвæрдтой, райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау чи фæмард, уыцы хæстонты цыртыл.

Зынгхуыст хъайтарты ном ссардтой иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий сӕвӕрдта дидинтӕ Ӕнӕном солдаты ингӕныл Мӕскуыйы
Президент РЮО А.Бибилов возложил венок к Могиле Неизвестного Солдата - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий сӕвӕрдта дидинтӕ Ӕнӕном солдаты ингӕныл Мӕскуыйы

Дидинтæ сæвæрыны фæстæ церемонийы архайджыты раз цытджын маршæй рацыд хъарагъулы кады ротæ.

Æнæном солдаты ингæныл æвæрд цæуынц диндинтæ, Уæрæсейы сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдон рухс номыл. Ам сцыт кæнынц хъайтартæн фæсарæйнаг бæстæты делегациты къухдариуæггæнджытæ Уæрæсемæ балцыты рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0