Хуссар Ирыстон æрæхгæндзæн йæ арæн Гуырдзыстонимæ

© Sputnik / Наталья АйриянЛенингоры район
Ленингоры район - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзал у рæстæгмæ æмæ баст у Хуссар Ирыстонæн нысаниуæгджын датæйы æдасдзинад сифтонг кæнынимæ.

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæн Гуырдзыстонимæ æрæхгæндзысты 22-æм ноябрæй 24 ноябрмæ, ацы бонты республикæйы нысан кæндзысты Ӕхсардзинад æмæ адæмы иудзинады бон, хъусын кæны Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.

Ведомствæ куыд нысан кæны, афтæмæй мадзал баст у ацы датæйæн нывонд мадзæлттæ уадзыны рæстæджы æдасдзинад сифтонг кæнынимæ.

День государственного флага Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры банысан кӕндзысты Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады бон

Арæны уадзæн куыст æрлæудзæн 22 ноябры райсомæй æмæ сæндидздзæн 24 ноябры изæрæй, банысан кодтой ПӔК-ы.

Æхсардзинады æмæ адæмон иудзинады бон республикӕйы нысан цӕуы ӕрвылаз дӕр 23 ноябры. 1989 азы 23 ноябры Цхинвалмӕ ӕрбаввахс бирӕминон колоннӕ гуырдзиаг националисттимӕ, кӕцыты ӕрлӕууын кодтой цалдӕр ӕрыгон нӕлгоймаджы.

Ацы бон нымад цæуы Хуссар Ирыстоны тохы райдианыл йӕ хӕдбардзинад ӕмӕ сӕрибардзинады сӕраппонд æмæ бахаст æрцыд Хуссар Иры бæрæгбæтты æмæ зæрдылдарæн бонты къæлиндармæ.

Ацы бон ма Хуссар Ирыстоны рӕстдинонтӕ нысан кӕнынц Хуссар Ирыстоны Уӕлахизхӕссӕг Джиуӕрджийы бӕрӕгбон.

Ног хабӕртты лентӕ
0