ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады боны Хуссар Ирыстоны ацӕудзысты Кады гирляндӕ сӕвӕрыны церемони, митинг ӕмӕ цытджын ӕмбырд, загътой Sputnik президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы.
Æхсардзинады æмæ адæмон иудзинады бон республикӕйы нысан цӕуы ӕрвылаз дӕр 23 ноябры. 1989 азы 23 ноябры Цхинвалмӕ ӕрбаввахс бирӕминон колоннӕ гуырдзиаг националисттимӕ, кӕцыты ӕрлӕууын кодтой цалдӕр ӕрыгон нӕлгоймаджы. Фӕстӕдӕр Цхинвалмӕ бацӕуӕны ӕрӕмбырд сты горӕты цӕрджытӕ иууылдӕр.
"Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады боны цытӕн мадзӕлттӕ райдайдзысты абон. Уыцы цауты хайадисджытӕ тымбыл фынджы уӕлхъус ӕрымысдзысты уыцы боны хабӕрттӕ. Абон ӕмӕ райсом республикӕйы скъолаты ацӕудзысты ӕхсардзинады уроктӕ "Цӕмӕй райдайы Фыдыбӕстӕ?!", — загътой пресс-службӕйы.
Республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ дзыллӕйады хайадистӕй 23 ноябры уагъд ӕрцӕудзӕн Кады гирляндӕ сӕвӕрыны церемони. Уыцы бон ма ацӕудзысты митинг "Хӕдбардзинады сӕрыл тох райдыдта ацы хъӕбатырдзинадӕй!" ӕмӕ цытджын ӕмбырд "Ацы хъӕбатырдзинад кӕддӕридӕр ис немӕ!".
Президент Тыбылты Леонид ма фембӕлдзӕн ног ӕрсиддонтимӕ, кадетон корпусы ахуыргӕнинӕгтимӕ, хистӕр къласонтимӕ, Ӕфсӕддон ӕмӕ политикон цӕттӕдзинады дӕснытимӕ.
Мадзӕлттӕ балхынцъ кӕндзӕн бӕрӕгбонон концерт киноконцертон зал "Чермен"-ы.