ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры режиссер Хъæцмæзты Фатимæ радзырдта, спектакль сæвæрынæн уацмыс равзарыны рæстæджы, фыццаджыдæр хъусдард здæхт кæй цæуы, цæмæй сюжет бацæуа чысыл сценæйы масштабы.
"Кæй зæгъын æй хъæуы, мах тынг тыхсæм нæ импровизацигонд театры бæстыхайæ. Пьесæйы равзæрсты рæстæджы æз кæсын архайгæ гоймæгты нымæцмæ æмæ куыд ивд цæудзысты декорацитæ, афтæмæй та театр у театр. Ома ахсджиаг ам у рухс, музыкæ, æрбавдыст, хъæуы сценикон зылд æмæ бирæ æндæр цыдæртæ, театры æнкъарынад саразынæн", — дзуры уый.
Ныртæккæ уæрæх цæттæгæнæн куыст цæуы италиаг драматург Альдо де Бенедеттийы пьесæмæ гæсгæ ног спектаклыл — "Цыппæрæмæй цыппæрæммæ". Фатимæ абарста комедийы сюжет анекдотимæ, кæцымæ ныхасы рæстæджы бафты æнæнхъæлæджы фæзилæнтæ – цæуыл балхынцъ ис, уый базоныны тыххæй байхъусын хъæуы кæронмæ.
Хъæцмæзты Фатимæ басаст, йæ режиссерон карьерæйы мидæг æрмæстдæр дыккаг хатт кæй æвæры спектакль æнæ националон тематикæйыл.
"Мæ раздæры спектаклтæ иууылдæр æвæрд уыдысты ирон авторты уацмыстæм гæсгæ. Ацы хатт систон италиаг драматургы, æцæг, æнæхъæнæй фæивтон спектаклы финал — ирон æхсæнады менталитет æмæ хæзнатæм æй æрбаввахс кæнгæйæ", — бафтыдта режиссер.
Репетицитæ цæуынц ныр мæйы дæргъы, премьерон равдыстмæ ма хъæуы саразын декорацитæ æмæ балхæнын костюмтæ.
"Актертæ цæттæ сты спектаклы равдыстмæ, фæлæ ныридæгæн алцыдæр баст у æхцайы фæрæзтимæ. Сметæ ныртæккæ ис финансты министрады, ныфс нæ ис, æввахс рæстæджы кæй фæхондзыстæм кæсджыты премьерæмæ", — балхынцъ кодта Хъæцмæзты Фатимæ.