УУМ фæдзæхсы тыхдымгæйы тыххæй Цæгат Ирыстоны территорийыл

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæШквальный ветер
Шквальный ветер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы территорийыл æвзæр боныгъæды фæдыл прогноз адарддæр уыдзæн 22 ноябры онг

ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны хæххон æмæ хохрæбын районты уыдзæн тыхдымгæ 25 м/с футтытимæ, хъусын кæны республикæйы УУМ.

Ихуарды фӕстиуджытӕ Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ: тыхдымгæ æмæ ихуард бахъыгдардзысты цардифтонгад Цæгат Ирыстоны

"Цæгат Ирыстоны гидрометеорологи æмæ алфæмблайы мониторингы фæдыл центры информацимæ гæсгæ республикæйы территорийыл æвзæр боныгъæды прогноз адарддæр уыдзæн 22 ноябры онг", — дзырдæуы хъусинаджы.

Тыхдымгæйы футтыты рæстæджы адæн уынгы уæвын у тæссаг уымæй, æмæ сыл ис гæнæн æрхауой лæмæгъ фидаргонд конструкцитæ, бæлæстæ, хæдзæртты агъуысттæ æмæ афтæ дарддæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0