Хуссар Ирмæ æрцыдысты Женеваг дискусситы æмсæрдæрттæ

© Sputnik / Наталья АйриянПравительство Южной Осетии
Правительство Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Женеваг дискусситы радон раунды агъоммæ Хуссар Ирыстоны столицæмæ æрцыдысты ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ

ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik, Босыкты Наталья. Женеваг дискусситы радон раунды сæйрагдæр фарст баззайдзæн Хуссар Ирыстоны æдасдзинад сифтонг кæныны фарст æмæ республикæйы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны документыл куыст, фехъусын кодта фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы æмсæрдæрттимæ фембæлды рæстæджы.

Грузинские военнослужащие в День независимости Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстон сног кодта ӕфсадмӕ ӕнӕмӕнг ӕрсидт

ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ дыццæджы æрцыдысты Хуссар Иры столицæмæ, цæмæй Женеваг дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы уæнгтимæ æруынаффæ кæной бадзырдты радон раунды боны фæткыл, кæцы ацæудзæн декабры.

"Хорз уаид, ацы раундыл мах куы райсиккам хайадисджыты иумæйаг уынаффæ тыхæй ма спайда кæныны æмуддзинады фæдыл, кæцыйы фæдыл куыст цæуы рагæй æмæ фæхæццæ кæны кæронмæ – уый у къахдзæф тыхæй ма спайда кæныны фæдыл дыууæфарсон сразыдзинæдты фæдыл, кæцытæн уыдзæн юридикон тых æмæ æхсæнадæмон фидар гарантитæ", — загъта Джиоты Мурæт.

Открытие совместного учебно-тренировочного центра НАТО в Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир, Уæрæсе æмæ Абхазы катайы æппары Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æмархайд

Джиоты Мурæт æрдзырдта, октябры гуырдзиаг фарс æхсты бын кæй фæкодта республикæйы арæнгæрон амонæгтæ æмæ банысан кодта, ахæм инциденттæ кæй сты æнæруадзгæ.

Дискусситы æмсæрдар Евроцæдисæй Тойво Клаар, кæцы фыццаг хатт æрцыд Хуссар Ирыстонмæ фехъусын кодта, ацы фарстыл уынаффæ кæй цыд ИӔАМ-ы форматы æрæджыйы фембæлды рæстæджы, кæцыйы хайадисджытæ банысан кодтой, ахæм инциденттæ кæй сты æнæбыхсгæ.

"Арæнгæрон амонæгтæ фехсыны фæдыл фарстыл дзургæйæ, махæн кæронмæ æмбæрстгонд нæу — кæцы фарсæй цыдис æхст, цы дæрддзæфæй æмæ цы нысанæн", — бафтыдта Евроцæдисы минæвар.

ООН-æй æмсæрдар Антти Турунен фехъусын кодта, Женеваг дискусситы æмæ ИӔАМ-ы пайдайы тыххæй æмæ равдыста ныфс, ныридæгæн аскъуыддзаггонд фарстытæ кæй фæахъаз уыдзысты æвæрццаг фæстиуæгмæ æрцæуын.

Женеваг дискусситы радон раунд ацæудзæн декабры.

Ног хабӕртты лентӕ
0