Хуссар Иры равзӕрстой Уæлдæр тæрхондоны ног сæргълæууæджы

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южная Осетия Цхинвал
Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йӕ кандидатурӕ депутатон корпусы ӕркастмӕ рахаста президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны парламент сфидар кодта Коцты Олесяйы республикæйы Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæджы бынаты. Йӕ кандидатурӕ къуырийы размӕ депутатон корпусы ӕркастмӕ рахста президент Бибылты Анатолий.

Хуссар Иры Уӕлдӕр тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры депутаттӕ сразы сты Уӕлдӕр тӕрхондоны гӕсы отставкӕимӕ

Уӕлдӕр тӕрхондоны раздæры сæргълæууæг Хуыгаты Илона, кæцы куыста ацы бынаты 2012 азы декабрӕй фӕстӕмӕ, октябры бадæтта отставкæмæ, фæстæдæр парламент сразы ис йæ куырдиатимæ.

Ӕртыццӕджы сессийы рӕстӕджы Коцты Олесяйы кандидатурӕйӕн схъӕлӕс кодта 25 депутаты, сесимӕ ӕрбацӕуӕг 26-ӕй.

Парламент сфидар кодта Коцты Олесяйы республикæйы Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæджы бынаты ӕмӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр ӕрурӕдтой йӕ депутатон бартӕ.

Президент Бибылты Анатолий бузныг загъта депутаттӕн сӕ уынаффӕ тыххӕй.

"Коцты Олеся республикæйы Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæджы бынаты снысан кӕныны уынаффӕ нымайын тӕрхонгӕнджытӕм ӕууӕнк раздахыны фадатыл. Уырны мӕ, кӕй йын бантысдзӕн уый", — бахахх кодта президент.

Хуссар Иры Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий фехъусын кодта Хуссар Иры Уæлдæр тæрхондоны ног сæргълæууæджы ном

Коцты Олесяйы йӕхӕдӕг бузныг загъта президент ӕмӕ депутаттӕн се 'ууӕнчы тыххӕй.

"Ӕмбарын ӕй, цы бӕрн мыл ис. Бауырнӕт уӕ, уый карьерон ӕнтыст нӕу, фӕлӕ стыр фыдӕбон. Ныфс мӕ ис кӕй фӕцудын кӕндзӕн йӕ бынатӕй системӕ", — загъта уый.

Коцты Олеся æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны парламентмæ 2014 азы æвзæрстыты рæстæджы парти "Иугонд Ирыстон"-æй. Уый лæууы закондзинад, закондæттынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады парламентон комитеты сæргъ.

Ног хабӕртты лентӕ
0