ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны оперӕ ӕмӕ балеты театры сценӕйы ацӕудзӕн зындгонд оперон зарӕггӕнӕг Дмитрий Хворостовскийы номарӕн концерт, хъусын кӕны ПТРК "Алания".
Концерты архайдзысты солисттӕ Тайсайты Олег, Бекъойты Вано, Хуыгаты Ибрагим, Елена Скалдина, Алексей Шаповалов, Геворг Григорян, Михаил Павлов, Марина Нетребина, Ольга Борисова, Полина Ковтун, афтӕ ма театры хор.
Гом концерт ацӕудзӕн26 ноябры Дзӕуджыхъӕуы оперӕ ӕмӕ балеты театры.
Уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнӕм, зындгонд оперон зарӕггӕнӕг йӕ цардӕй ахицӕн 22 ноябры 56 азы кары онкологиимӕ дӕргъвӕтин тохы фӕстӕ.
Дмитрий Хворостовскийы ном айхъуыст дунейыл 1989 азы ӕхсӕнадӕмон конкурс "Певец мира"-йы уӕлахизы фӕстӕ. 1995 азы йын лӕвӕрд ӕрцыд Уӕрӕсейы адӕмон артисты ном.