Пиротехникӕйыл табу: Хуссар Иры милици уадзы рейдтӕ

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæПиротехникӕ
Пиротехникӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амалиуӕггӕнджыты фӕдзӕхсынц, пиротехникон буарадты реализацийы тыххӕй сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы административон бӕрндзинад

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ уадзынц рейдон мадзӕлттӕ базарадон объекттыл, цӕмӕй рафӕлгъауой пиротехникон буарадты ӕнӕзакононӕй уӕй кӕныны факттӕ, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

Пиротехникон буарадты ӕнӕзаконон реализаци ма руадзыныл ӕруынаффӕ кодтой МХМ сӕрмагонд рабадтыл. Ӕнгӕс мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц ӕрвылаз дӕр Ногазон бӕрӕгбӕтты размӕ.

"Министрады ӕмбӕлон службӕтӕ ауадздзысты рейдтӕ, ӕмӕ цыдӕриддӕр пиротехникон буарад ссарой, уыдон байсдзысты ӕмӕ сӕ скуынӕг кӕндзысты", — загъта министры хӕдивӕг, милицийы инӕлар-майор Пухаты Мераб.

Сотрудники ОМОНа проверяют новогоднюю уличную ярмарку - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры милици тобæ сæвæрдта ӕнӕлегалон пиротехникæйы уæйыл

Уый бамбарын кодта, ацы мадзæлттæ ист кæй цæуынц, фыццаг рады, сывæллæтты æдасдзинады тыххæй.

"Сывæллæтты ныййарджытæ сæхи ʻрдыгæй хъуамæ фæдзæхсой сæ цоты пиротехникон буарад æлхæнын æмæ пайда кæнынæй", — загъта Пухаты Мераб.

Пиротехникон буарад уæй кæныны тыххæй административон бæрндзинады фæдыл милицийы æххæстбарджын фадыгонтæ амалиуæггæнджыты фæдзæхсдзысты развæлгъау къухфыст райсгæйæ. Ӕнахъомты фæдыл инспектортæ та аныхас кæндзысты скъоладзаутимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0