Джиоты Мурæт: Гуырдзыстон йе ʻнтыстыл банымадта Бибылты Анатолийы барвæнд

© Sputnik / Ада БагианДжиоты Мурæт
Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазаг ахæсты дарддæры хъысмæт уыдзæн Абхаз æмæ Гуырдзыстоны ʻхсæн бадзырдтæй кæнгæ, загъта æххæстбарджын

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Гуырдзыстоны фарс архайы Георгий Гиунашвилийы ссæрибар Инциденттæ ма руадзыны механизмты фæлгæтты æнтыстджын бадзырдты хатдзæг схонын, фехъусын кодта Sputnik президенты æххæстбарджын минæвар фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл Джиоты Мурæт.

Освобожденных из грузинских тюрем граждан РЮО встречали в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Афӕдз сæрибарæй

"Гиунашвилийы хъысмæт Гуырдзыстоны минæвæрттæ æвæрдтой Фæзкавказы æдасдзинады бахъахъхъæныны алкæцы фембæлды дæр. Ныр уыдон архайынц сæхиуыл æрфыссын йæ ссæрибар кæныны хъуыддаг. Сæйраг мах сæххæст кодтам Абхазы президенты фæндон. Президент Бибылты Анатолий равдыста барвæнд йæ абхазаг коллегæйы куырдиатмæ", — загъта æххæстбарджын.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, абхазаг ахæсты дарддæры хъысмæт уыдзæн Абхаз æмæ Гуырдзыстоны хсæн бадзырдтæй кæнгæ.

Уый банысан кодта, ивгъуыд азы Гуырдзыстоны ахæстæттæй сæрибар кæй æрцыдысты Хуссар Иры цыппар æмбæстаджы. Уыдон тыххæй Абхазы президент ныххатыр кодта 8 адæймаджы, кæцытæн тæрхондон æндæр æмæ æндæр уæззау фыдракæндты тыххæй стæрхон кодта ахæстоны фæбадын.

Ног хабӕртты лентӕ
0