Президент бахæс кодта Цхинвалы мэрæн азы кæронмæ музскъола сцалцæг кæнын

© Сайт Президента РЮОПрезидент бахæс кодта Цхинвалы мэрæн азы кæронмæ музскъола сцалцæг кæнын
Президент бахæс кодта Цхинвалы мэрæн азы кæронмæ музскъола сцалцæг кæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæстыхайы агъуыстæн æркæлынæй тæссаг кæй у, уымæ гæсгæ ахуыр цæуы æндæр бынæтты

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бахæс кодта мэрæн Битеты Павелы номыл Цхинвалы музыкалон скъолайы агъуыст æмæ рудзгуытæ ривын. Куыстытæ фæуыдзысты азы кæронмæ.

Президент мэр Коцты Алан æмæ арæзтады министр хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуардимæ дыццæджы бабæрæг кодтой ахуырадон уагдон, цы ран фембæлдысты ахуыргæнджытимæ æмæ азылдысты хатæнтыл.

Дворец детского творчества в Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывæллæтты сфæлдыстады галуан фæзындзæн Дзауы поселочы

Скъолайы директор Ӕлборты Диана радзырдта, бæстыхай кæй ис æвзæр уавæры ныр 25 азы дæргъы, скъоладзаутæ ахуыр кæнынц 12-æм æмæ скъола-интернаты бæстыхæйтты.

"Махмӕ ахуыр кӕнынц 175 скъоладзауы. Фӕнды нӕ фылдӕр сывӕллӕтты райсын, фӕлӕ нын нӕ уавӕртӕ фадат нӕ дӕттынц. Иуӕй-иу хатт ахуыргӕнджытӕ сывӕллӕттимӕ фӕкусынц къӕлидоры. Фӕлӕ нын иууыл сӕйрагдӕр у ӕдасдзинад, нӕ агъуыст та ӕрцыд бынтон ӕдзӕллаг уавӕрмӕ, ӕвзӕр боныгъӕды дзы къӕвда ӕртӕдзы. Тӕрсӕм, куыннӕ ныл ӕрхауит", — загъта директор.

Бибылты Анатолий азылд кълӕстыл, базонгӕ ис ахуыргӕнджыты куысты уавӕртимӕ. Уый бынаты радта мэр Коцты Алнӕн бӕстыхайы агъуыст ӕмӕ рудзгуытӕ раивыны хӕслӕвӕрд.

"Тӕккӕ сом райдайут рудзгуытӕ ӕмӕ агъуыст ивын, цалынмӕ та боныгъӕд нӕ фехӕлд. Агъуыст ивгӕйӕ хъӕуы бахынцын, скъолайы ӕддаг къул фанерӕйӕ арӕзт кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дзы самайут блоктӕ ӕмӕ къул сфидар кӕнут", — хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий бахӕс кодта, цӕмӕй куыстытӕ иууылдӕр фӕуой азы кӕронмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0