ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды паддзахадон службæ – "Югоссельхознадзор" арвыста Россельхознадзормæ лабораторон иртæсæнтæ, кæцыты фæстиуджытæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны территорийыл нæй африкæйаг емынæ. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды паддзахадон службæйы сæргълæууæг Мæргъиты Алан.
2017 азы РХИ-ы Знауыры районы апарахат хуыты африкæйаг емынæ.
Хъæууон хæдзарады министрад Знауыры районы ветеринарон службæимæ ауагъта æппæт æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ, цæмæй ныннымæг кæной емынæйы апарахат. Мониторингы фæстиуджытæм гæсгæ, арæзт æрцыд справкæ, цы ран æвдыст ис ауадзгæ мадзæлтты фæдыл информаци æмæ æрвыст æрцыд Россельхознадзормæ. Уымæй дарддæр ма, справкæмæ бакондæуыд удыгас хуыты биоæрмæджыты бындурыл лабораторон иртасæнты фæстиуджытæ, кæцытæ уагъд æрцыдысты Кропоткины ветеринарон службæйы æмæ сæ вирус нæ разынд.
"Ныртæккæ ведомствæ иуварс кæны хуссарирыстойнаг хъæууон хæдзарадон продукцийы аласты фæдыл арæнæвæрд сисыны проблæмæ", — загъта Мæргъиты Алан.
Хуссар Ирыстоны паддзахадон ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды службæ — "Югоссельхознадзор" — арæзт æрцыд Бибылты Анатолийы барамындæй октябры.