ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Козаты Ушангы ацыдæй Ирыстон фесæфта йæ адæмы ном бæрзæндты чи хаста, уыцы хъæбулы, дзырдæуы Хуссар Ирыстоны президенты тæфæрфæсы телы нывгæнæджы хиуæттæ æмæ хæстæджытæм.
Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг, Уӕрӕсейы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг, Уӕрӕсейаг аивӕдты академийы сгуыхт академик, Уӕрӕсейаг аивӕдты академийы уӕнг-корреспондент, Уацамонгæйы ордены кавалер Козаты Ушанг амард дыццæджы æхсæвы.
"Ушангы ацыдæй Ирыстон фесæфта йæ адæмы ном бæрзæндты чи хаста, уыцы хъæбулы. Ӕмбæстаджы хуыздæр æууæлты хицау æмæ йæ бæстæйы патриот, уый бахаста стыр хайбавæрд ирон адæмы националон-ирвæзынгæнæн змæлдмæ. Уникалон хæдбындур курдиаты хицау, Ушанг ныууагъта æппæт дунейы нымад бынтæ. Ирон адæм сæрыстыр у Ушангæй", — дзырдæуы тæфæрфæсы телы.
Козаты Ушанг амард 65-аздзыдæй Дзæуджыхъæуы. Йæ юбилей нывгæнæг банысан кодта 11 ноябры, ивгъуыд майрæмбоны Дзæуджыхъæуы ацыд йæ персоналон равдыст.