ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Дзæуджыхъæуы центры бирæуæладзыгон хæдзары зынг хуыссын кæныны рæстæджы аирвæзын кодтой цыппар адæймаджы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны УУМ-ы пресс-службæ. Ноджы ма авд адæймаджы æрцыдысты эвакуацигонд.
Зынгсирвæзты тыххæй хъусынгæнинаг бацыд УУМ-ы сæйраг управленимæ цыппæрæмы, 30 ноябры. Цауы бынатмæ фæхæццæ сты 2-æм сыгъдхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн дæлхайады радгæсон хъарагъултæ æмæ сыгъдхуыссынгæнæн службæйы радгæсон сменæ. Зынгвæдисонты бацыдмæ артæфтыд уыд бирæуæладзыгон хæдзары агъуыст. Ссыгъды фæзуат уыд 9 квадратон метры бæрц. Сыгъд ахуыссын кæныны æмрæстæджы,сæрмагонд службæтæ уагътой адæмы фервæзын кæныны æмæ эвакуацийы фæдыл мадзæлттæ дæр.
Цауы бынаты кусынц фæлварæн сыгъдхуыссынгæнæн лабораторийы специалисттæ, кæцытæ архайынц зынгсирвæзты аххосæгтæ рафæлгъауыныл.