Президент: Тъехты Баграты ацыдӕй Ир фесӕфта стыр ахуыргонд ӕмӕ патриоты

Рафыссын
Тъехты Баграт адунейӕ ахицӕн 87-аздзыдӕй

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий арвыста тӕфӕрфӕсы тел зынгӕ ирон ахуыргонд, археолог ӕмӕ профессор Тъехты Баграты бинонтӕ ӕмӕ хиуӕттӕм.

Тъехты Баграт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дунейы нымад ахуыргонд: йæ цардæй ахицæн Тъехты Баграт

Тъехты Баграт — Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг, Абайты Уасойы номыл Цæгат Ирыстоны скифты æмæ аланты иртæстыты центры директор. Бирæ æзты Тъехты Баграт иртæста Ирыстоны истори, археологон æрмæг æмбырдгæнгæйæ. У 300 зонадон куысты æмæ 15 монографийы автор.

"Баграт Виссарионы фырты ацыдӕй Ирыстон фесӕфта канд стыр ахуыргонд-патриоты нӕ, фӕлӕ ма активон ӕхсӕнадон архайӕджы. Бирӕ ӕзты уый ӕвзӕрст цыд РХИ парламенты депутатӕй, иууыл зындӕр рӕстӕджыты хъахъхъӕдта Хуссар Ирыстоны бартӕ Гуырдзыстоны ССР ӕмӕ йӕ президиумы, лӕууыд республикӕйы историкон ӕхсӕнады сӕргъ", — дзырдӕуы президенты телы.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, Тъехты Баграты чи зыдта, уыдон зӕрдӕты уый кӕй баззайдзӕн ӕнустӕм, куыд егъау нысаниуӕгджын гоймаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0