Йӕ цардӕй ахицӕн ирон поэт ӕмӕ прозаик Чеджемты Георгий

© Архивное фотоГеоргий Чеджемов
Георгий Чеджемов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нырыккон ирон литературӕйы ирддӕр минӕвӕрттӕй иу адунейӕ аивгъуыдта 77-аздзыдӕй

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik. Чеджемты Георгий — поэт, прозаик, драматург, тӕлмацгӕнӕг, публицист, нывгӕнӕг, Уӕрӕсейы фысджыты ӕмӕ нывгӕнджыты Цӕдисы уӕнг, Гӕдиаты Цомахъхъы премийы лауреат, Цӕгат Ирыстоны культурӕйы сгуыхт архайӕг — йӕ цардӕй ахицӕн 77 азы кары, хъусын кӕны 15 регион.

Козаты Ушанг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Йӕ цардӕй ахицӕн Хуссар Иры адӕмон нывгӕнӕг Козаты Ушанг

Чеджемты Георгий райгуырд 1940 азы Заманхъулы хъӕуы. Хъӕууон астӕуккаг скъола каст фӕуыны фӕстӕ бацыд ахуырмӕ Цӕгат-Ирыстойнаг педагогон институтмӕ, афтӕ ма райста уӕлдӕр ахуырад Мӕскуыйаг полиграфион институты. Бирӕ ӕзты дӕргъы уыд журнал "Ногдзауы" редактор, 30 азӕй фылдӕр куыста чингуыты рауагъдад "Иры", нывгӕнӕг ӕмӕ аивадон редакторы бынаты.

Ивгъуыд æнусы 60-æм æзты райдианы йæ фыццаг æмдзæвгæтæ, радзырдтæ æмæ аргъæуттæ æдзух цыдысты мыхуыр республикон газеттæ "Рæстдзинад", "Молодой коммунист", журналтæ "Мах дуг", "Ногдзау", "Литературная Осетия"-йы. Литературон критктæ Георгийы нымайынц европæйаг æмвæзады поэт æмæ прозаик.

Ӕндæр æмæ æндæр æзты стыр æнтыстимæ Ирон театры сценæйыл цыдысты æвæрд йæ пьесæтæ "Цола", "Цолайы чындзæхсæв" æмæ "Чери". Ныридæгæн мыхуырмæ цæттæ цæуы йе 'мбырдгонд чиныг "Фарны хæзна".

Чеджемты Георгийы бавæрдзысты 6 декабры йæ райгуырæн хъæу Заманхъулы.

Ног хабӕртты лентӕ
0