Генпрокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг Цхинвалы æхсты азымджыны ныхмæ

© Sputnik / Алексей КовалевГенпрокуратурæ
Генпрокуратурæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы автовокзалмæ хæстæг цыппæрæмы уыд кæрæдзи æхст

ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik, Козаты Диана. Барадхъахъхъæнæг органтæ агурынц Цхинвалы кæрдзи æхсты азымджыны. Генпрокуратурæ æрбакодта йæ ныхмæ уголовон хъуыддаг амарыны хъавды тыххæй, загътой уагдоны пресс-службæйы.

Автовокзал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы центры ӕрцыд хӕцӕнгарзӕй кӕрӕдзи ӕхст

Инцидент æрцыд Цхинвалы автовокзалмæ хæстæг цыппæрæмы. Генпрокуратурæйы информацимæ гæсгæ, 11.45 сахатмæ æввахс Цхинвалы цæрæг Гаглойты Борис фехста æндæр æмбæстаг Тедеты Василийы.

"Бирæ адæм кæм ис, ахæм бынаты æхст тæссаг кæй у æмбæстæгты цардæн, уый Гаглойты Борис кæд развæлгъау зыдта, уæддæр, уымæ æнæкæсгæйæ, амарыны фæндимæ æхста Тедеты Василийы АК-47 автоматæй, кæцы йæм уыд æнæзакононæй. Уый фехста цыппар хатты, стæй йæхи бааууон кодта", — загътой Генпрокуратурæйы.

Цауы фæдыл уагдон бакодта уголовон хъуыддаг Гаглойты Борисы ныхмæ.

"Барадхъахъхæнæг органтæ уадзынц агурæн мадзæлттæ Гаглойты Борисы ссарыны æмæ æруромыны фæдыл. Цæмæй уый фæсарæнтæм ма алидза, уый тыххæй Паддзахадон арæныл уадзæн пункты сгарæн куыст цæуы фæтыхджындæргонд схемæмæ гæсгæ", — загътой Генпрокуратурæйы.

Уагдоны уадзынц сгарæн куыстытæ цауы æппæт уавæртæ сбæлвырд кæнынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0