Цоциты Игорь ссис Хуссар Иры парламенты иууыл æрыгондæр депутат

Рафыссын
Цоциты Игоры кандидатурæ раразмæ кодта парти "Иугонд Ирыстон"-ы централон комитет

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутат парти "Иугонд Ирыстон"-æй ссис Цоциты Игорь. Закондæттæн органы ныры æрсидты иууыл æрыгондæр парламентарий райста экс-депутат Коцты Олесяйы вакантон мандат, кæцы ссис Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæг.

Парламент Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры равзӕрстой Уæлдæр тæрхондоны ног сæргълæууæджы

Депутаты вакантон мандат Цоциты Игорæн адæттыны фæдыл уынаффæ Центрæххæстком райста парламенты депуттатæм æвзæрстыты фæдыл конституцион законы 80-æм статьямæ гæсгæ. Цоциты Игоры кандидатурæ раздæр раразмæ кодта парламентон партийы централон комитет.

"Бузныг зæгъын парти "Иугонд Ирыстон"-ы централон комитеты уæнгтæн се 'ууæнчы тыххæй. 2019 азы парламентон æвзæрстытæм ма цы рæстæг баззад, уыцы рæстæг æз кусдзæн Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн", — загъта Sputnik Цоциты Игорь.

Уый банысан кодта, закондæттæн органы куыст кæй зоны, "уымæ гæсгæ мæ ныфс ис, кæй сырæхсдзæн æмæ нæ фæсайдзæн æвзарджыты ныфсытæ".

Биографион справкæ

Цоциты Игорь Гедеваны фырт райгуырд 1992 азы 20 майы. Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд ахуырмæ ХИПУ-йы журналистикæйы факультетмæ, кæцы каст фæцис 2015 азы.

2013 азы у "Иугонд Ирыстоны" централон комитеты уæнг.

2017 азы октябрæй куыста парламенты информацион-аналитикон управленийы аналитикæйы хайады гæсæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0