"Мегафон – Хуссар Ирыстон": мобилон бастдзинад нæ бацæудзæн Нагутнимæ

© Sputnik / Наталья АйриянНагутни
Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Компанийы гендиректор нымайы, хосгæнæн улæфæндон кæй у сезонон бынат æмæ нæ уыны æнæмæнгхъæуæгдзинад ацы район мобилон бастдзинадæй сифтонг кæныны

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik, Козаты Диана. Мобилон оператор "Мегафон – Хуссар Ирыстон"-æн нырма нæй фадат сифтонг кæнын мобилон бастдзинадæй республикæйы иунæг хосгæнæн улæфæндон "Ныфс"-ы, кæцы ис Знауыры районы Нагутнийы хъæуы, хъусын кæны компанийы гендиректор Роман Коврига.

Роман Коврига - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Мегафон – Хуссар Ирыстон" нæ хъавы æнæлимитон интернет саразын

Ӕрвылаз дæр сæдæгай адæм свæййынц улæфæндоны уазджытæ. Нырма уал хосгæнæндон кусы дизелон генераторæй, кæцыйы хъомыстæ арæх фаг нæ вæййынц уагдоны хосгæнæн æмæ цардуагон хъуагдзинæдтæн. Уым ма нæй мобилон бастдзинад дæр, уый фæстиуæгæн улæфджытæ æмæ персонал æййафынц зынвадæттæ. Сентябры президент Бибылты Анатолий бахæс кодта иннæ аз уалдзæгмæ электрон рухс бауадзын популярон хосгæнæндонмæ æмæ мобилон бастдзинадæй сифтонг кæныны фарст аскъуыддзаг кæнын.

"Нæ специалисттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ ацыдысты бынатмæ, цæмæй феной уым бындурон станц саразыны фадæттæ. Уым ис тынг вазыгджын рельеф сигнал адæттынæн æмæ йæ аргъ дæр у тынг бæрзонд – 30 милуан соммæ æввахс. Уый, кæд дзы электроифтонгад уа уæд, фæлæ куыд зонæм, афтæмæй уым рухс нæй", — радзырдта Коврига.

Уый банысан кодта, хосгæнæн улæфæндон кæй у сезонон бынат, йæ алыварс нæй цæрæн пункттæ. Уымæ гæсгæ, нырма компани нæ уыны æнæмæнгхъæуæгдзинад ацы районы мобилон бастдзинадæй бамбæрзын.

Уавæрæй рахизæнтæй иу Коврига схуыдта спутникон телефоны балхæд.

Нагутнийы «Ныфс» - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нагутнийы «Ныфс»

Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы нырма бирæ цæрæн пункттæ ис, цы ран ныры онг нырма нæй мобилон бастдзинад.

"Мах архайæм мобилон бастдзинадæй сифтонг кæнын, адæм æцæг цы районты цæрынц, уыдон. Цас тагъддæр фылдæр кæна цæрæн пунктты цæрджыты нымæц, уас нæ размæцыд уыдзæн тагъддæр æмæ уæрæхдæр кæндзыстæм мобилон бастдзинады тыгъдад", — загъта уый.

Роман Коврига банысан кодта, 2018 азы нывæзтты кæй ис цалдæр бындурон станцы арæзтад, "компани йе ′ргом аздахдзæн чысыл хъæуты æрдæм". LTE хызæг 2018 азы фæзындзæн горæт Къуайсайы. "Мегафон – Хуссар Ирыстоны" гендиректоры ныхæстæм гæсгæ, уый у серьезон регион, цы ран ис бирæ цæрджытæ æмæ уаид æдылыгомау уыдон гъæдджын интернетæй ацух кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0