ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны энергетикæйы къабазы кусджытæ сæ профессионалон бæрæгбон нысан кæнынц 15 декабры. Бибылты Анатолий раарфæ кодта хуссарирыстойнаг энергетиктæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн, хъусын кæны президенты пресс-службæ.
"Энергетикæ у нæ бæстæйы ахсджиаг экономикон æмæ социалон къабаз. Зын у саргъ кæнын энергетикты куыстæн, кæцытæ сæ куыстæй ифтонг кæнынц нырыккон паддзахады æнæмæнгхъæуæг цардуагон уавæртæй иу", — дзырдæуы арфæйы телы.
Президент ма банысан кодта, цыфæнды боныгъæды дæр се 'рвылбонон куысты руаджы РХИ-ы энергетиктæ кæй аразынц æппæтдæр, цæмæй фæлхасгæнджытæм электрон рухс хæццæ кæна гъæдджынæй æмæ æнæфескъуыйгæйæ.
Уæлдай бузныг президент Бибылты Анатолий загъта ветерантæн, "кæцыты куыст æмæ фæлтæрддзинад æвæрд сты Хуссар Ирыстоны нырыккон экономикон базæйы бындуры".