ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнæг Хуыгаты Алик йæхи амардта хисæрмагонд проблемæты тыххæй, загъта пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы ведомствæйы сæргълæууæджы хæдивæг Ӕлборты Игорь.
Ӕфсæддон службæгæнæг йæхи амардта 10 декабры хæдзары. Хуссар Ирыстоны æфсæддон прокуратурæ райдыдта басгæрст ацы факты фæдыл.
Ӕлборты Игорь радзырдта журналисттæн равзæрсты фæдыл, зæгъгæ, Аликæн нæ уыд проблемæтæ куысты æмæ йын ницы быцæудзинæттæ уыд йе ′мкусджытимæ.
"Уый йæхиуыл йæ къух систа бинонты проблемæйы тыххæй. Хъыгагæн, нæ вæййы фадат ахæм трагедитæ рагацау базонын, ма ′сæ руадзын. Уый куыста Хъахъхъæнынады министрады 2004-2007 азты, стæй ныууагъта йæ куыст. Уый фæстæ та ногæй бахауд Хъахъхъæнынады министрады уæлæмхас дæлхайады рæнхъытæм. Уыд 2008 азы хæстон архæйдтыты активон хайадисæг", — загъта Ӕлборты Игорь.
Министры хæдивæг ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады историйы ма кæй уыд "суициды иуæгон цаутæ" æмæ бамбарын кодта, ахæм къахдзæф саразынмæ адæмы цы фактортæ æппарынц, уыдонæй иу кæй у фæсхæстон синдром.