Хуссар Иры пенсион фондæн нæ фаг кæнынц фæрæзтæ 2018 азы фиддонтæн

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæПенсион фонд
Пенсион фонд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауад къуырисæры рабадтыл æруынаффæ кодта пенсион фонды бюджеты проектыл иннæ азмæ

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны пенсион фонды бюджет 2018 азмæ бахауд дефициты хæсджынты аххосæй, кæцытæ рæстæгыл нæ фидынц сæ фиддонтæ.

Бюджеты проектыл уынаффæ кодтой къуырисæры Хуссар Ирыстоны хицауады рабадтыл.

Пенсион фонды сæргълæууæг Тасойты Аза радзырдта, фонды иууыл егъаудæр хæсджын кæй у арæзтадон организаци "Союзстрой проект", кæцыйы хæс ведомствæйы раз у фараст милуан сомы.

"19 милуан сомæй фараст милуан сомы бæрц хæсджын у Хъайтарты уынгыл бирæфатерон хæдзæрттæ чи арæзта, уыцы арæзтадон организаци. Ӕртæ милуан сомы хæс бафыста дзулфыцæн комбинат æмæ къорд æндæр организацитæ", — загъта Тасойты Аза.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, пенсионерты нымæц, ног азы развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæфылдæр уыдзæн авд проценты бæрц æмæ дефицит хынцгæйæ, ис гæнæн æмæ пенситæ фидынæн фæрæзтæ ма сфаг уой.

МЧС РЮО 9 лет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры УУМ-ы кусджытæ исдзысты уæрæсейаг пенситæ

Тасойты Азайы ныхæстæм гæсгæ, дефицитмæ æнæкæсгæйæ, æмрæстæджы пенсион фонды æфтиæгтæ фаронимæ абаргæйæ фæфылдæр сты.

Уый банхъардта финансты министрадæн, дефицит паддзахадон бюджетæй бамбæрзын, кæд æмæ хæсджынтæ сæ хæстæ нæ бафидой.

Уыцы æнхъарæнимæ не сразы ис республикæйы финансты министр Хæбæлаты Аза.

"Бюджет ныридæгæн у арæзт — хардзгæнæн хай афтæмæй дæр у цыбыргонд, уымæ гæсгæ законæн ахæм хуызы (пенсион фонды бюджеты фæдыл) нæй райсæн. Хъæуы Уæрæсейы фæллойы министрады æххуыс", — загъта Хæбæлаты Аза.

Республикæйы астæуккаг пенсийы бæрц у 6 400 сомы, минималон пенси та у 2 900 сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0