Сырх Дзуар баззайдзӕн Хуссар Ирыстоны ноджы иу аз

© Sputnik / Сергей Аверин /  Ахизын медиабанкмæСырх Дзуар
Сырх Дзуар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары уӕвынады ӕмгъуыд адарддӕр кӕныны тыххӕй хицауадмӕ бахатыд республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад адарддӕр кодта иу азмӕ Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон Комитеты (СДӔК) уӕвынады ӕмгъуыд республикӕйы.

Фарстыл уанаффӕ цыд къуырисӕры хицауады рабадты, кӕцы уагъд ӕрцыд президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй.

"Сырх Дзуары цхинвайлаг офисы кусынц 45 хуссарирыстойнаг ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ ӕххуыс кӕнынц организацийы минӕвӕрттӕн сӕ хӕрзаудӕн миссийы. Гумманитарон фарстытӕй дарддӕр ма СДӔК-ы минӕвӕрттӕ ӕххуыс кӕнынц не "мбӕстӕгты ингӕнтӕ ссарыны ӕмӕ сӕ эксгумацийы хъуыддаджы. Ацы куыст махӕн у тынг ахсджиаг", — загъта рабадты фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий.

Уый банысан кодта Сырх Дзуары минӕварад Хуссар Ирыстоны кӕй кусы бынӕттон хицауадимӕ ӕнгомӕй. Министр бахатыд Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары уӕвынады ӕмгъуыд адарддӕр кӕнын ноджы иу азмӕ.

Сырх Дзуары минӕвӕрттӕ ӕххуыс кӕнынц Хуссар Иры цӕрджытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президенты ӕххӕстбарджын ӕрдзырдта Сырх Дзуаримӕ гуманитарон проекттыл

Хицауады уӕнгтӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты ацы ӕнхъарӕнимӕ.

Республикæйы сæргълæууæг банысан кодта, æнæхицауадон организациты куыст кæй цух кæны республикæйы æмбæстæгты куысты стажæй æмæ, уымæ гæсгæ, фидæны пенсийæ.

"Ӕнæхицауадон организациты кусджытæ нæ фидынц кæнынц фиддонтæ пенсион фондмæ æмæ сæхи цух кæнынц кусæгон стажæй. Мах хъуамæ аудæм нæ цæрджыты æнæмаст зæры бонтыл", — загъта президент æмæ бахæс кодта хицауадæн бакусын фарстыл, цæмæй æнæхицауадон организациты кусджытæ хицæн кæной фиддонтæ пенсион фондмæ.

Сырх дзуары æхсæнадæмон комитет Хуссар Ирыстоны райдыдта йæ куыст 2004 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0