ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министр Владимир Пучковимӕ, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Бибылты Анатоллий ис Уӕрӕсейы кусӕгон балцы. Визиты фæлгæтты Бибылты Анатолий нывæнды фембæлын уæрæсейаг министрæдтæ æмæ ведомствæты сæргълæуджытимæ, кæцытимæ æруынаффæ кæндзæн æмгуыстад æмæ æмархайды фарстытыл.
Фембӕлды рӕстӕджы Бибылты Анатолий ӕмӕ Владимир Пучков ӕруынаффӕ кодтой къорд фарстытыл, сӕйраджыдӕр, Хуссар Ирыстоны мобилизацион резерв саразыны хъуыддаджы ӕххуысыл. Ацы фарстыл ма дзырд цыд Бибылты Анатолий ӕмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путины фембӕлды дӕр, кӕцы уагъд ӕрцыд 2017 азы ноябры.
Афтӕ ма фарсытӕ ӕрдзырдтой Хуссар Иры УУМ ирвӕзынгӕнӕн авиацийӕ сифтонг кӕныныл ӕмӕ йын сӕрмагонд техникӕ ӕмӕ зынгсирвӕзтты ныхмӕ фӕрӕзтӕ самал кӕныныл.



Фембӕлды кӕрон Пучков равдыста РХИ президентӕн Уӕрӕсейы УУМ-ы кризисон уавӕрты рӕстӕджы фӕткдаруатон Националон центр, цы ран сфӕлтӕрдтой бастдзинад Хуссар Ирыстоны кризисон уавӕрты рӕстӕджы фӕткдаруатон Националон центримӕ.