ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы полицийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой Дзанайы фырты уынгыл пиротехникӕйы ӕнӕзакононӕй уӕй кӕныны факт, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Уӕйгӕнӕгӕй байстой 1200 ӕнӕсертификацигонд пиротехникон дауматӕ.
Базарадон объекты хицауы нымӕ арӕзт ӕрцыд протокол административон фӕткхӕлды тыххӕй.
Цӕгат Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ сгарынц пиратехникон дзауматӕ уӕй кӕныны бынӕттӕ, иуварс кӕнынц уыдон ӕнӕзакононӕй уӕй кӕныны факттӕ, байсынц ӕнӕсертификацигонд продукци оперативон-профилактикон операци "Пиротехника"-йы фӕлгӕтты.