Рок-къорд "Янг стрит": MiyaGi куыд райдиан

© Sputnik / Наталья АйриянРок-къорд "Янг стрит"
Рок-къорд Янг стрит - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къорды хайадисджытæ радзырдтой Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры се сфæлдыстадон фæндаджы тыххæй, цæуыл сты сæ зарджытæ æмæ цы нывæндынц аразын сæ фыццаг концерты фæстæ

ЦХИНВАЛ 22 дек— Sputnik, Козаты Диана. Къуырисæры ирон рэп-къорд "Янг стрит" ратдзæн йæ фыццаг концерт. Йæ хайадисджытæ – цхинвайлаг скъолаты цыппар ахуыргæнинаджы — Хъотайты Арсен (Бадман), Фæрниаты Алан (Мистер Лачер), Козаты Анатолий (Оденц) æмæ Джиоты Руслан (Джио) радзырдтой, куыд æрбаиу сты иу коллективы, сæ ног альбом æмæ фыццаг концерты тыххæй.

Къорд саразыны хъуыды æрцыд Русланмæ æртæ азы размæ. Уæд æрыгон лæппутæ, кæцытæй алчидæр хицæнтæй фыстой æмдзæвгæтæ, сфæнд кодтой иу коллектив саразын æмæ иу фæндагыл ацæуын.

"Хуссар Ирыстоны бирæйæ нæ фыссынц рэп, уымæ гæсгæ кæрæдзи æнцонæй ссардтам. Райдыдтам уал тексттæ фыссын, уый фæстæ та сæ райдыдтам æвæрын музыкæйыл. Куы федтам нæ архайды фæстиуджытæ, уæд рахызтыстæм рэпмæ. Ӕрæмбырд стæм æмæ аскъуыддзаг кодтам къорд саразын, цæмæй нын æнцондæр уа дарддæр цæуын", — загъта уый.

Ӕрыгон адæм куыд дзурынц, афтæмæй, уыдон æвиппайды райдыдтой кæрæдзи æмбарын æмæ нырма се ′хсæн ницы быцæудзинæдтæ уыд.

Цхинвайлаг рэп-группæ Янг стрит - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон рэп-къорд ратдзæн фыццаг концерт Цхинвалы

Фыццаг концертмæ æрыгон рэпертæ сæхи рагæй цæттæ кодтой, уый размæ та иу арæх æвдыстой се ′сфæлдыстад скъолаты, цы ран сæ концерттæ алыхаттдæр цыдысты æнтыстджынæй.

Райдианы уал уыдон фæзмыдтой популярон рэперты MiyaGi & Эндшпилы, "фæлæ куы бамбæрстам, афтæ бирæ чидæртæ кæй аразынц, уæд аскъуыддзаг кодтам нæхи фæндагыл ацæуын".

Сæ ныхæстæм гæсгæ, музыкæ ахуыры нæ хъыгдары, "уый дæр у ахуыр æмæ нæ ахуыргæнджытæ æмбарынц".

Январы къорд фæнд кæны альбом рауадзын, лæппутæй алчидæр хицæнæй фыссы зарджытæ.

Йæ фыццаг концерт ауадзынæн къорд "Янг стрит"-æн баххуыс кодта Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет.

Ног хабӕртты лентӕ
0