Ӕртæ бон æнæрухсæй: куыд æмæ кæд аскъуыддзаг уыдзæн проблемæ

© Sputnik / Игорь Агеенко /  Ахизын медиабанкмæӔртæ бон æнæрухсæй
Ӕртæ бон æнæрухсæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæстаг хатт ма Хуссар Ир дæргъвæтин рæстæг баззад æнæ рухсæй 2006 азы, уæд дæр авари æрцыд Дзомагъы æфцæгыл, цы ран у тæссаг зæйтæй æмæ уырдæм ссæуынæн та рæстæг хъæуы иууыл къаддæрæй 6 сахаты

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстон æртыккаг бон æрвиты æнæ рухсæй, кусæгон къордтæ архайынц проблемæ аскъуыддзаг кæныныл – цалдæр авари иуварс æрцыдысты, фæлæ уæддæр республикæмæ рухс нæ цæуы.

Цхинвалы дуканиты нал ис цырæгътæ уæййаг, Хуссар Ирыстон фесæфта фæндагон бастдзинад фæсарæнтимæ, столицæйы фæзынд доны проблемæтæ, нæ кусынц сабидæттæ æмæ скъолатæ.

Уыдис ма иу æвзæрдæр

Хуссар Ирыстон ивгъуыд æнусы 90-æм æзты уæззау рæстæджытæй куы рахызт æмæ электроэнерги куы рацыд Цæгат Ирыстонæй, уый фæстæ дæр ма иу стыр митуардты рæстæджы мæйгæйтты республикæ баззад æнæрухсæй.

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны нырма дæр нæй рухс æмæ æддагон дунеимæ бастдзинад

Фæстаг хъусинæгтæм гæсгæ, телтæ аскъуыдысты Дзомагъы æфцæгыл. Ацы бæрзонд хæххон банат у зынвадат, тæссаг дзы у зæйтæ æрцæуынæй дæр.

Ацы бынаты электрохызæджы линийыл авари 11 азы размæ дæр республикæйы ныууагъта æнæрухсæй иу мæйы æмгъуыд.

"Ӕз Дзомагъгомæй ралидзгæ дæн æмæ мæ уæд акодтой фæндагамонæгæй. Уæды президент Кокойты Эдуард йæхæдæг ацыд аварийы бынатмæ, æмткæй уыдыстæм æхсæзæй æмæ сбæлвырд кодтам аварийы бынат. Стæй нæ фæстæ ссыдысты аразджыты стыр къорд — 100 адæймаджы бæрц æмæ телтæ къухæй ивæзтой, афтæ арæзтой рухс. Кæд ныр дæр æфцæгыл ис авари, уæд фæзын уыдзæн йæ саразын", — радзырдта Sputnik Цхинвалы цæрæг Джыгкайты Эльбрус.

Фæстаг хатт ма дæргъвæтин рæстæг республикæ æнæрухъсæй баззад 2006 азы, уæд дæр телтæ аскъуыдысты хæххон бынатыл, радзырдта  уæды ПЭС-ы кусæг,

Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, электрон хахх Цæгаттаг портал-Дзау цæуы вазыгджын уавæрты æмæ уый фæзын кæны авари аиуварс кæныны хъуыддаг. Парламенты вице-спикер Тедеты Руслан, кæцы раздæр куыста унитарон куыстуцат "Энергоресурс"-ы, радзырдта Sputnik, Цæгаттаг порталæй Дзаумæ линийы дæргъ кæй у 40 километры бæрц, уыдонæй 14 километры цæуынц зынвадат бынтæттыл.

"Уырдæм афæдзы 8 мæйы бацæуæнтæ нæ вæййы. Зæгъæн нæй, ома "Энергоресурсы" кусджытæ æвзæр архайынц – бæрæг нæу, куыд цæттæ уыд лини зæмæгон рæстæгмæ, стæй ма сабаты горæты уарыд къæвда, хæхтыл та хуылыдз мит", — бафтыдта Тедеты Руслан.

Хисæрмагонд генераци

Хуссар Ирмæ электронон рухс хæххон уавæрты кæй цæуы, уый аркæны аваритæм. Радон авариты рæстæджы та ныхас сцайдагъ вæййы бынæттон электростанцитæ саразыны алыварс.

Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ: Хуссар Ирыстоны нæ кусынц сабидæттæ

"Ацы уавæр дæр та æвдисы, кæй хъæуы аразын нæхи электростанцтæ. 2013 азæй фæстæмæ проект лæууы æнæххæстæй. Еныр нын нæхи иу электростанц куы уаид, уæд радгай районтæм дæттиккам рухс. Уый хорз бандавид экономикæйыл дæр, ныридæгæн рухсы хæрдзтæ, ныры æргътæм гæсгæ, сты 500 милуан сомы азы мидæг. Зонкъары электростанц республикæйы электроэнергийы хæрдзтæн æмбæрзид се ʻртыккаг хай", — загъта Тедеты Руслан.

Уый ма банысан кодта, абоны онг "Энергоресурсы" хæс Уæрæсейы раз кæй у 320 милуан сомы, "ацы фæрæзтæй та сырæзид иу электростанци".

Ног хабӕртты лентӕ
0